Цӕгат Ир бахызт регионты нымæцмӕ, цы ран фӕфылдӕр сты фыдракӕндтæ

© Sputnik / Alexey Kudenko /  Ахизын медиабанкмæГенералон прокуратурӕ
Генералон прокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы Генералон прокурӕтурӕйы радзырдтой, кӕцы регионты фӕфылдӕр ис фыдракӕндты нымӕц

ЦХИНВАЛ, 26 ноя - Sputnik. Уӕрӕсейы ацы азы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ фыдракӕндты нымӕц иууыл тынгдӕр фӕфылдӕр Цӕгат Ирыстон, Адыгей, Татарстан ӕмӕ Цӕцӕны, фехъусын кодта уагдонон канал "Эфир"-ы дыццӕджы Генералон прокуратурӕйы минӕвар Александр Куренной.

РХИ МХМ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фӕфылдӕр ис фыдракӕндты бӕрӕгкӕнынад, фехъусын кодта МХМ сӕргълӕууӕг

"Хыгъдыл ӕвӕрд фыдракӕндтӕ фӕфылдӕр сты Цӕгат Ирыстон – Алани, Адыгей, Татарстан ӕмӕ Цӕцӕны", - загъта Александр Куренной.

Иумӕйагӕй дӕс мӕймӕ бӕстӕйы фыдракӕндты нымӕц фӕфылдӕр 2 проценты. Куренной куыд банысан кодта, афтӕмӕй, ахӕм тенденции ис бӕстӕйы 50 регионы.

Афтӕмӕй, 35 субъекты фыдракӕндты нымӕц фӕкъаддӕр ис, бафтыдта Генералон прокуратурӕйы минӕвар. Иууыл стырдӕр темптӕй фыдракӕндты нымӕц къаддӕр кӕны Ненецаг автономон зылды, Дагестаны, Калуга ӕмӕ Омскы областты, афтӕ ма Севастополы.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, 2018 азы Цӕгат Ирыстоны дыууӕ хатты кӕй фӕфылдӕр ис барӕй амардты нымӕц.

Ног хабӕртты лентӕ
0