Цхинвалы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар
Цхинвалы ссыгъд хисæрмагонд хæдзар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Столицæйы Джиоты Аланы проспектыл æвæрд хæдзæрттæй иуы зынг сирвæзт, йæ фæздæгдзон рæстмæ кæй нæ уыд, уый аххосæй

ЦХИНВАЛ, 26 ноя - Sputnik. Хуссар Ирыстоны УУМ зынгсирвæзты ныхмæ службæ аиуварс кодта ссыгъд столицæйы Джиоты Аланы проспектыл хисæрмагонд хæдзæрттæй иуы, фехъусын кодта Sputnik уæлвæткон уагдоны пресс-секретарь Тедеты Роза.

Цӕгат Иры УУМ бафӕдзӕхста хъӕды зынгсирвӕзттты тӕссагдзинадӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Иры УУМ фӕдзӕхсы хъӕдты зынгсирвӕзтты тӕссагдзинадӕй

Зынг сирвæзт ивгъуыд хуыцаубоны, 24 ноябры. Бæллæхы тыххæй хъусинаг радгæсон хайадмæ бацыд изæры æхсæз сахатыл.

"Ирвæзынгæнджытæ цауы бынатмæ бацыдысты 18.08 сахатыл. Уыдон рæстæгыл аиуварс кодтой зынгсирвæзт фæздæгдзоны. Хæдзар ницы зиан баййæфта", - радзырдта Тедеты Роза.

Уымæй размæ уæлвæткон уагдон цалдæр хатты фехъусын кодта республикæйы территорийыл хус кæрдæджы ссыгъды тыххæй, уыдон нымæцы арæнгæрон фадгуыты дæр. Зынвадат бынæтты иу ирвæзынгæджытæ арт хуыссын кодтой къухæй, техникæйæн дзы бахизæнтæ кæй нæ уыд, уый тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0