Дзӕуджыхъӕуы нӕлгоймаг ӕмӕ полицийы кусджыты хсӕн рацыд кӕрӕдзи ӕхст

© Skitterphoto / gunХӕцӕнгарз
Хӕцӕнгарз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ӕвзонг нӕлгоймаг райдыдта ӕхсын Цӕгат Ирыстоны столицӕйы хисӕрмагонд хӕдзармӕ бабырсты рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 2 дек - Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы ивгъуыд ӕхсӕв гарзджын нӕлгоймаг сӕххӕст кодта бабырст хисӕрмагонд хӕдзармӕ Барбашовы уынгыл. Нӕлгоймаг ныхмӕ фӕлӕууыд полицийы кусджытӕн, фехъусын кодтой 15-ӕм Регионӕн Цӕгат Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ).

Дамбаца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры милицийы дыууӕ кусӕджы фӕцӕф сты фыдгӕнӕгимӕ ӕхсты

Барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ спайда кодтой табелон хӕцӕнгарзӕй, фыдгӕнӕг ныхмӕ куы фӕлӕууыд полицийы кусджытӕн, уый фӕстӕ. Цауы фӕстиуӕгӕн зианбаййафджытӕ нӕй.

Зӕрдӕхсайгӕйы ӕрурӕдтой, ныртӕккӕ бӕрӕг кӕнынц цауы ӕууӕлтӕ. Бынӕттон ДИФ-тӕ куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй, фыдгӕнӕг разынд Црауы хъӕуы 21-аздзыд цӕрӕг.

Скъуыддзаг цӕуы фарст уголовон хъуыддаг бакӕныны фӕдыл, бафтыдтой Цӕгат Ирыстоны МХМ.

Ног хабӕртты лентӕ
0