Хъӕбысӕйхӕцджытӕ 25 бӕстӕйӕ хайад райсдзысты турнир "Аланты" Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Алексей Филиппов /  Ахизын медиабанкмæУӕгъдибар хъӕбысхӕст
Уӕгъдибар хъӕбысхӕст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры фыццаг бон, 7 декабры, ацӕудзысты развӕлгъау ӕмӕ ӕрдӕгфиналон тохтӕ алы уӕзы категориты, уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призерты рабӕрӕг кӕндзысты 8 декабры

ЦХИНВАЛ, 4 дек — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы 7 декабры райдайдзӕн III Ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй "Алантӕ-2019", хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Зассеты Арсӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг богал рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Турниры хайад райсдзысты уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ дунейы 25 бӕстӕйӕ, сӕ нымӕцы, Уӕрӕсе, АИШ, Иран, Монголи, Турк, Сомих, Узбекистан ӕмӕ Азербайджанӕй. Хайадисджыты нымӕцы – олимпиаг чемпион, америкайаг Кайл Снайдер ( 97 килограмм), афтӕ ма 2016 азы Олимпиаг хъӕзтыты призертӕ – Ихтиор Наврузов (65 килограмм), Магомед Ибрагимов (97 килограмм) ӕмӕ Селим Яшар Туркӕй (86 килограмм).

"Турниры фыццаг бон, 7 декабры ацӕудзысты развӕлгъау ӕмӕ ӕрдӕгфиналон тохтӕ алкӕцы уӕзы категорийы: 57, 61, 65, 70, 74, 79, 86, 97, 125 килограммы. Уӕлахиздзауты ӕмӕ призерты рабӕрӕг кӕндзысты 8 декабры", - дзырдӕуы хъусинаджы,

Пресс-службӕйы бафтыдтой, алкӕцы уӕзы категорийы дӕр призон фонд уыдзӕн 10 мин доллары – уыдонӕй 5 мин райсдзӕн уӕлахиздзау, 2 мины – ӕвзист призер ӕмӕ фӕйнӕ иу мин доллары бронзӕйы майданы хицау ӕмӕ уӕлахиздзауы тренер.

Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Ӕхсӕнадӕмон турнир "Аланты" организатортӕ сты Цӕгат Ирыстоны хицауад, Хъӕбысхӕсты иугонд дуне ӕмӕ Уӕрӕсейы спортивон хъӕбысхӕсты федераци.

Ног хабӕртты лентӕ
0