Хуссар Иры парламенты нӕ ацыд тыхон министртӕн ӕнӕууӕнчы вотум

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ парламенты сесси
РХИ парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Парламентарийтӕ скъуыддзаг кодтой Мидхъуыддӕгты ӕмӕ Юстицийы министрты хъысмӕт сусӕг хъӕлӕсӕппӕрсты руаджы. Куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй вотумы инициатортӕн не сфаг ис цалдӕр хъӕлӕсы

ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Елена. Хуссар Ирыстоны парламенты депутатты фылдӕр хай не сразы сты Мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь ӕмӕ Юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕйӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыныл.

Наниты Игорь  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Нӕ тыхсын: мидхъуыддӕгты министр ӕнӕууӕнчы вотумы тыхӕй

Цыппӕрӕмы рабадтыл депутаттӕ ногӕй ӕркастысты дыууӕ чиновникӕн вотум рахӕссыны фарстмӕ.

Хъӕлӕсӕппӕрст уыд сусӕг - алкӕцы депутат дӕр хъӕлӕс кодта хицӕнӕй.

Вотумы ныхмӕ схъӕлӕс кодтой 18 депутаты, сразы йыл сты 16.

Октябры депутатты къорд бадзырдта спикер Тадтаты Аланмӕ Мидхъуыддӕгты министрад ӕмӕ Юстицийы министрады сӕргълӕуджытӕн – Наниты Игорь ӕмӕ Лалыты Зӕлинӕйӕн ӕнӕууӕнчы вотум рахӕссыны фӕдыл цхинвайлаг рӕстмӕгӕнӕн колонийы цауы тыххӕй. Фӕстӕдӕр парламенты президиум ӕркаст ацы куырдиатмӕ ӕмӕ аскъуыддзаг кодта ма рахӕссын фарст сессимӕ. Иу бон фӕстӕдӕр депутаттӕ парламентон сессийы рабадтыл аивтой президиумы скъуыддзаг.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0