Баххуыс кӕнӕм лӕппуйӕн фервӕзын кӕнын йӕ фыды: Цхинвалы ацӕудзӕн хӕрзаудӕн концерт

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Концерты цы фӕрӕзтӕ ӕрӕмбырд кӕной, уыдон ацӕудзысты республикӕйы цӕрӕджы реабилитацийӕн, кӕцы ныххаудта комӕйы аварийы фӕстиуӕгӕн

ЦХИНВАЛ, 6 дек - Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Сывӕллӕтты сфӕлдыстады хӕдзар ӕмӕ фонд "Лӕвар базыртӕ" организаци кӕнынц къуырисӕры, 9 декабры, хӕрзаудӕн концерт киноконцертон зал "Чермен"-ы, радзырдта Sputnik хӕрзаудӕн организацийы сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Татьяна.

Хӕрзаудӕн акци Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры дыргъты хӕдзарад балӕвар кодта фыццаг тыллӕг сабитӕ ӕмӕ зӕрӕттӕн

Ноябры 2018 азы Хуссар Ирыстоны цӕрӕг Икъоты Рудольф бахаудта фӕндагон-транспортон цауы. Хӕдтулгӕйы цӕфы фӕстиуӕгӕн Рудольф ныххаудта комӕйы, абоны боны уыйы хъӕуы реабилитаци.

"Йӕ лӕппу у Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны ансамблы солист, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр активон хайад исдзӕн хӕрзаудӕн концерты", - загъта Цхуырбаты Татьяна.

Галуаны ансамбль бацӕттӕ кӕндзӕн кӕсджытӕн хореографион ралӕуд националон темӕтикӕйыл "Таурӕгъ нарт Батрадзыл".

Концерт райдайдзӕн 9 декабры 15.00 сахатыл ПККЗ "Чермен"-ы. Ансамблы ноджы иу хӕрзаудӕн ралӕуд ацӕудзӕн иннӕ бон. Мадзалмӕ билеттӕ гӕнӕн ис райсын Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны.

Хӕрзаудӕн фонд сывӕллӕтты ӕххуысӕн "Лӕвар базыртӕ" кусы Хуссар Ирыстоны 2017 азӕй фӕстӕмӕ. Фонд ӕмбырд кӕны фӕрӕзтӕ уӕззау рынчын сывӕллӕтты ӕххуысӕн, организаци кӕны хӕрзаудӕн культурон мадзӕлттӕ, фестивальтӕ, равдысттӕ ӕмӕ армукъатӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0