Хуссар Иры ӕфсад сыстын кодтой фӕдисы

© Sputnik / Natalia AiriyanХуссар Иры ӕфсад сыстын кодтой фӕдисы
Хуссар Иры ӕфсад сыстын кодтой фӕдисы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Фӕдисы рӕстӕджы республикӕйы ӕфсӕддонты ӕркодтой хӕстон цӕттӕдзинады фӕтыхджындӕргонд къӕпхӕнмӕ. Ахӕм мадзӕлттӕ уагъд цӕудзысты къуырийы дӕргъы, банысан кодтой республикӕйы хъахъхъӕнынадон уагдоны

ЦХИНВАЛ, 5 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты майрӕмбоны райсом сысты кодтой ахуырадон фӕдисы, загътой Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы.

Президент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады кусджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕбатырдзинады тыххӕй: Президент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады кусджыты

Ахуырадон мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц хӕстон цӕттӕдзинады куырийы фӕлгӕтты.

Сӕ нысаниуӕг у хӕстон цӕттӕдзинады басгӕрст ӕмӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсады дӕлхайӕдтӕ ӕмӕ къухдариуӕгады тренировкӕ.

"Ахуырадон фӕдисы рӕстӕджы ауагътой мадзӕлтты комплекс, цӕмӕй ӕркӕной ӕфсад хӕстон цӕттӕдзинады фӕтыхджындӕргонд къӕпхӕнмӕ. Багӕрстӕуыд ӕмархайд ӕмӕ бастдзинады организаци ӕфсӕддон къухдариуӕгады органтӕ ӕмӕ дӕлхайӕдты хсӕн", - загъта уагдоны пресс-службӕйы хистӕр Чехойты Инга.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, хӕстон цӕттӕдзинады къуырийы мадзӕлттӕ адарддӕр кӕндзысты хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕныны онг.

Ног хабӕртты лентӕ
0