Популяци сæндидзын кæнынæн: Цæгат Иры ауагътой уæздан сагты

© Sputnik / Г. Надеждин /  Ахизын медиабанкмæУæздан саг
Уæздан саг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæрæгойтæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ, цæмæй бынæттон климатыл æрцахуыр уой. Цалдæр мæйы фæстæ сæ рауадздзысты æрдзон тыгъдадмæ

ЦХИНВАЛ, 6 дек — Sputnik, Дриаты Лейла. Цæгат Ирыстоны паддзахадон фæлварæн цуанон хæдзарады вольермæ Уæллаг Санибайы ауагътой 10 европæйаг уæздан саджы, хъусын кæны республикæйы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрады пресс-службæ.

Усанет - Sputnik Хуссар Ирыстон
Усанеты кувæндон. Дзæнæты къуым Ирыстоны бæрзæндыл

Сагтæ республикæмæ ласт æрцыдысты Ростовы областæй. Цæгат Ирыстоны æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министр Мамиаты Чермены ныхæстæм гæсгæ, ацы мадзæлттæ æххæст  цæуынц уæздан саджы мыггаг сног кæныны тыххæй, уый хорзырдæм фæзындзæн амынд цæрæгойты нымæц фæфылдæр кæнынæн.

Цæрæгойтæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ, цæмæй бынæттон климатыл æрцахуыр уой. Цалдæр мæйы фæстæ сæ рауадздзысты æрдзон тыгъдадмæ. Ныр та уал сæ дардзысты æрдзон уавæртæм æнгæс уавæрты, цæмæй сын æрдзон тыгъдадмæ рахызт æнцондæр уа.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, фæстаг дыууæ азы республикæйы æрдзон фæрæзтæ æмæ экологийы министрад Цæгат Ирыстоны æрдзон тыгъдадмæ кæй рауагъта 36 саджы.

Уæздан саг Ирыстоны хъæдты æрбынат кодта рагзамантæй фæстæмæ. Уæвгæ та ирон адæммæ саг кæддæриддæр нысан кодта рæсугъддзинад æмæ граци. Арæх-иу уыдис аргъæутты æмæ таурæгъты сæйраг хъайтар. Уæдæ йын йæ сурæт ныффидар кодтой ирон национ орнаменты дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0