Бибылты Анатолий ӕрсидт уӕрӕсейаг сенатортӕм аскъуыддзаг кӕнын хӕдтулгӕты ӕрбаласты фарст

© Sputnik / Кирилл Каллиников /  Ахизын медиабанкмæТаможнӕ
Таможнӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы территоримӕ хуссарирыстойнаг номыртимӕ хӕдтулгӕты ӕрбаласты фарстыл ӕрдзырдтой Хуссар ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕуджыты фембӕлды рӕстӕджы Федерацийы Советы уӕнгтимӕ

ЦХИНВАЛ, 9 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий ӕрсидт уӕрӕсейаг сенатортӕм, цӕмӕй баххуыс кӕной аскъуыддзаг кӕнын Хуссар Ирыстонӕй Уӕрӕсемӕ транспортон фӕрӕзты ӕрбаласты фарст.

Президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй Бибылты Анатолий хайад райста УФ Федерацийы Советы уӕнгтӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы фембӕлды. Фембӕлды хайадисджытӕ ӕрдзырдтой Цӕгат Ирыстон ӕмӕ Хуссар Ирыстоны социалон ӕмӕ экономикон фадыджы райрӕзты фарстытыл.

"Ацы фарстыл мах ӕрныхас кодтам алкӕцы ӕмвӕзадыл дӕр, фӕлӕ йӕм иумӕйагӕй куы ӕркӕсӕм, уӕд ӕй аскъуыддзаг кӕндзыстӕм. Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн бафыстӕуыд ӕмгуыстад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырд. Ацы бадзырдмӕ гӕсгӕ, Федерацийы Советы ӕмвӕзадыл хъӕуы ӕркӕсын Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгты транспорты ӕрбаластмӕ, кӕцытӕ иудадзыг цӕрынц Уӕрӕсейы Федерацийы, сӕйраджыдӕр, Цӕгат Ирыстоны", - хъусын кӕны пресс-службӕ Бибылты Анатолийы ныхӕстӕ.

Сенатортӕ дзырд радтой рахӕссын ацы фарст Федерацийы Советмӕ.

Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны президент загъта бузныг Федерацийы Советы сӕргълӕууӕг Валентина Матвиенкойӕн, кӕцы бирӕ ӕзты дӕргъы йӕ цӕст дары Хуссар Ирыстоны уавӕрмӕ.

Федерацийы Советы уӕнг Фадзайты Арсен банхъардта ауадзын Хуссар Ирыстоны бонтӕ Федерацийы Советы.

Ацы аз сентябры уӕрӕсейаг таможнӕ фӕтыхджындӕр кодтой цӕстдард хуссарирыстойнаг номыртимӕ хӕдтулгӕты ӕрбаластмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0