ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ӕвзӕр фӕндӕгтӕ ӕмӕ донифтонгады цухдзинад сты сӕйраг проблемӕтӕ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы хъӕутӕ, банысан кодта пресс-конференцийыл Цхинвалы районы сӕргълӕууӕг Мамыттаты Вахтанг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, сӕрды бахус вӕййынц суадӕттӕ ӕмӕ уый у егъау проблемӕ районы цӕрджытӕн.
"Ӕвзӕр фӕндагыл ма гӕнӕн ис скъӕрын, фӕлӕ дон куы нӕ уа, уӕд цард ноджы фӕзындӕр вӕййы. Уый фӕдыл нӕ тыхтӕ иууылдӕр здӕхт уыдзысты хъӕуты донифтонгадмӕ", - загъта Мамыттаты Вахтанг пресс-конференцийыл паддзахадон информаци ӕмӕ мыхуыры комитеты.
Афтӕ ма районы сӕргълӕууӕг бахахх кодта, зӕгъгӕ, районы иууыл егъаудӕр скъолатӕй иу – Дменисы хъӕуы – нӕй спортивон зал.
"Сывӕллӕтты ӕнӕмӕнг хъӕуы зал. Фӕлӕ администрацимӕ нӕй фӕрӕзтӕ, цӕмӕй йӕ саразӕм", - радзырдта уый.
Уымӕй дарддӕр Мамыттаты Вахтанг хыгъдлӕвӕрд радта ацы азы куысты тыххӕй. Районы разамонӕг банысан кодта, 2019 азы районы хъӕуты кӕй сног кодтой 14 километры фӕндӕгтӕ ӕмӕ аст километры доны хӕтӕлтӕ.
"Мах рауагътам дон Къусрет, Тъбет ӕмӕ Галуанты хъӕумӕ. Инвестпрограммӕйы фӕлгӕтты Хелчуа, Сатихъар ӕмӕ Наниаурийы хъӕуты раивтам электрохызӕгты цӕджындзтӕ. Ацы аз Громы хъӕумӕ ауагътам доны хӕтӕл, кӕцыйы дӕргъ у 800 метр", - радзырдта Мамыттаты Вахтанг.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гуджабары хъӕуы ауагътой канализацион хызӕгтӕ, ӕввахс рӕстӕджы та балхынцъ уыдзысты куыстытӕ Ногхъӕуы.
Афтӕ ма районы разамонӕг радзырдта фидӕны нывӕзтыты тыххӕй ӕмӕ банысан кодта, администраци кӕй нывӕнды саразын сывӕллӕтты фӕзуаттӕ фондз хъӕуы, сӕвӕрын асфальт Гуджабары ӕмӕ Цъунары хъӕуы скъолайы раз.