Хуссар Иры ахастой хӕрзаудӕн акци ӕвзонг лӕппуты мӕлӕты тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуаны ансамблы концерттӕ ахастой иу къуыримӕ, уыдон ацӕудзысты 16-17 декабры киноконцертон зал "Чермен"-ы

ЦХИНВАЛ, 10 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Елена. Цхинвалы сывӕллӕтты сфӕлдыстады галуан ӕмӕ фонд "Лӕвар базыртӕ" ахастой иу къуыримӕ хӕрзаудӕн концерттӕ республикӕйы ӕртӕ ӕвзонг лӕппуйы мӕлӕты тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik фонды сӕргълӕууӕг Цхуырбаты Татьяна.

Концерт хъуамӕ ацыдаит ацы къуырийы райдайӕны, организатортӕ нывӕнд кодтой радтын концертӕй райсгӕ фӕрӕзтӕ республикӕйы цӕрӕгӕн, кӕцы ис уӕззау уавӕры фӕндагон-трнаспортон цауы фӕстӕ. Фӕлӕ организатортӕ ахастой концерт ивгъуыд къуырийы кӕрӕтты трагикон цауы фӕстӕ.

"Ӕртӕ ӕвзонг лӕппуйы мӕлӕт у стыр трагеди ӕппӕт Ирыстонӕн. Ацы фыдохы бонты мах аскъуыддзаг кодтам ма ауадзын хиирхӕфсӕн мадзӕлттӕ ӕмӕ сӕ ахастам иннӕ къуыримӕ", - загъта Цхуырбаты Татьяна.

Хӕрзаудӕн мадзал сорганизаци кодтой Икъоты Рудольфӕн ӕххуысӕн, кӕцы 2018 азы бахаудта фӕндагон-транспортон цауы. Хӕдтулгӕйы цӕфы фӕстиуӕгӕн Рудольф ныххаудта комӕйы, абоны боны уыйы хъӕуы реабилитаци.

Галуаны ансамбль бацӕттӕ кӕндзӕн кӕсджытӕн хореографион ралӕуд националон темӕтикӕйыл "Таурӕгъ нарт Батрадзыл". Концерттӕ ахастой 16-17 декабрмӕ. Уыдон ацӕудзысты киноконцертон зал "Чермен"-ы.

Хӕрзаудӕн фонд сывӕллӕтты ӕххуысӕн "Лӕвар базыртӕ" кусы Хуссар Ирыстоны 2017 азӕй фӕстӕмӕ. Фонд ӕмбырд кӕны фӕрӕзтӕ уӕззау рынчын сывӕллӕтты ӕххуысӕн, организаци кӕны хӕрзаудӕн культурон мадзӕлттӕ, фестивальтӕ, равдысттӕ ӕмӕ армукъатӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0