"Рухсы тын" аразы ног хæрзаудæн акци Цхинвалы

© Sputnik / Наталья Айриян"Рухсы тын" аразы ног хæрзаудæн акци
Рухсы тын аразы ног хæрзаудæн акци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæрзаудæн дукани æрæджы хъарм дарæс æмæ хъазæнтæй схайджын кодта Ленингоры сывæллæтты хæдзары, ныр та сæ фæнды ис медико-социалон центры иунæг адæмы ног азмæ "скæнын"

ЦХИНВАЛ, 10 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны хӕрзаудӕн дукани "Рухсы тын" уæрæх кæны йæ куысты географи – ног азы кæсæрыл уыдонæй райсдзæн æххуыс медико-социалон центр. Ныридæгæн æмбырд цæуы æрвитæггаг, фехъусын кодта Sputnik дуканийы бардарджытæй иу Хаситы Михаил.

© Из личного архива Детского дома Ленингораӕрзаудӕн дукани "Рухсы тын" ма амæй размæ радта гуманитарон æххуыс Ленингоры районы уæвæг Сывæллæтты хæдзарæн
Рухсы тын аразы ног хæрзаудæн акци Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
ӕрзаудӕн дукани "Рухсы тын" ма амæй размæ радта гуманитарон æххуыс Ленингоры районы уæвæг Сывæллæтты хæдзарæн

 

Цхинвайлаг энтузиасттӕ æрдæг азы размæ бакодтой Хуссар Ирыстоны столицӕйы хӕрзаудӕн дукани "Рухсы тын". Ӕнахуыр дуканимӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон у ӕрбахӕссын, хӕдзары цӕмӕй нал пайда кӕнынц, уыдон - уӕлдарӕс, къахдарӕс, чингуытӕ, хъазӕнтӕ, гигиенӕйы предметтӕ. Уый фæстæ æмбырд дзаума уæрст цæуы сидзæрдæттыл. Тыхст адæмæн сæ бон у бацæуой æмæ æнæаргъæй сæхицæн дарæс рахæссой.

Хæрзгæнджыты радон нысан та у медико-социалон центр. Йæ цæрджытæ сты 25 иунæг карджын адæймаджы, уыдоны фылдæр адунейыл аззадысты иунæгæй.

"Ног азы æрбалæудмæ хъавæм бахæссын æххуысы егъау гуырахст медико-социалон центрмæ. Ныридæгæн æмбырд кæнæм æххуысы парти. Сылгоймаджы дарæс дзы æгъгъæд ис, хъæуы ма нæлгоймаджы дарæс æмæ къахдарæс", - загъта Хаситы Михаил.

Уый ма банысан кодта, дуканимæ кæй цæуы бирæ хæрзгъæд æмæ ног дарæс, фæлæ дзы вæййы ивгъуыд æнусæй баззайæггæгтæ дæр, уыдон та дæттынц театрæн.

"Ӕфсæддон, науæд ивгъуыд æнусы дарæс, галифе хæлæфтæ, кæцытæ æрвылбонон царды ничи дардзæн, уыдон мах радтам театрæн, спектакльты рæстæджы сын фæпайда уыдзысты", - бафтыдта уый.

© Sputnik / Елена КулумбеговаДарӕсы иу хай райстой театр
Рухсы тын аразы ног хæрзаудæн акци Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дарӕсы иу хай райстой театр

Хӕрзаудӕн дукани "Рухсы тын" ма амæй размæ радта гуманитарон æххуыс Ленингоры районы уæвæг Сывæллæтты хæдзарæн.

"Развæлгъау аныхас кодтон Сывæллæтты хæдзары директоримæ æмæ мын бамбарын кодтой цæмæй тыхсынц. Фылдæр сæ хъуыд хъарм дарæс, ногазон рæсугъд къабатæ. Стæй ма аскъуыддзаг кодтам, хъазæнтæ дæр уæлдай никуы вæййынц сабитæн. Дарæсæй ма уæлдай цы баззад, уыдон та байуæрстам Ленингоры æххуысхъуаг бинонты зæнæгыл", - загъта дуканийы хицау Хъуылымбегты Елена.

© Sputnik / Наталья АйриянХӕрзаудӕн дукани "Рухсы тын" ма амæй размæ радта гуманитарон æххуыс Ленингоры районы уæвæг Сывæллæтты хæдзарæн
Рухсы тын аразы ног хæрзаудæн акци Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕрзаудӕн дукани "Рухсы тын" ма амæй размæ радта гуманитарон æххуыс Ленингоры районы уæвæг Сывæллæтты хæдзарæн

Хӕрзаудӕн дукани "Рухсы тын" фæзынд Цхинвалы сæрды райдайæны, уый ссис амалхъом адæм æмæ æххуысхъуагты æхсæны уагдон.  Дукани гом вæййы сихорафон.

Ног хабӕртты лентӕ
0