Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Владимир Путинӕн Уӕрӕсейы Конституцийы боны цытӕн

© Sputnik / Михаил Климентьев /  Ахизын медиабанкмæБибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Путин
Бибылты Анатолий ӕмӕ Владимир Путин - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы Федерацийы Конституцийӕн ис сӕрмагонд иугӕнӕн фӕлгонц бӕстӕйы бирӕнацион адӕмы царды, банысан кодта Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 12 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Уӕрӕсейы президент Владимир Путинӕн Уӕрӕсейы Конституцийы боны цытӕн.

"Абон, уӕззау уавӕры рӕстӕджы дунейы политикон аренӕйыл, Конституци у паддзахады ӕхсӕнадон арӕзтады бындур ӕмӕ йын ис сӕрмагонд иугӕнӕн фӕлгонц бӕстӕйы бирӕнацион адӕмы царды. Уӕрӕсейы рагӕй фӕстӕмӕ бӕрнон ахаст дардтой хӕзнатӕм, кӕцытӕ расидт сӕйраг Закон, афтӕ ма рӕзгӕ фӕлтӕры патриотикон хъомыладмӕ", - дзырдӕуы арфӕйы.

Бибылты Анатолий равдыста ныфс, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн хӕларадон ахастытӕ дарддӕр дӕр кӕй фидар кӕндзысты дыууӕ бӕстӕйы адӕмы хӕрзӕбонӕн.

Уӕрӕсейы Федерацийы Конституцийы бон

Уӕрӕсейаг паддзахады иууыл ахсджиагдӕр датӕтӕй иу – Конституцийы бон – нысан кӕнынц ӕрвылаз 12 декабры.

Конституци райсынӕй фӕстӕмӕ документмӕ бахастой цалдӕр ивындзинады, кӕцытӕй фӕстӕгтӕй иу уыд уынаффӕ "Уӕрӕсейы Федерацийы Президенты ӕвзарынц ӕхсӕз азмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕмбӕстӕгтӕ сусӕг хъӕлӕсӕппӕрсты руаджы".

2014 азы Конституцимӕ бахастой ивындзинӕдтӕ Уӕлдӕр тӕрхондон ӕмӕ Уӕлдӕр арбитражон тӕрхондон баиу кӕныны фӕдыл, афтӕ ма Уӕрӕсейы скондмӕ Республикӕ Хъырым ӕмӕ федералон нысаниуӕджы горӕт Севастополь баиу кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0