Нарты Батрадзы кадæг æмæ кафтытæ: Дзигойты Марина хæрзаудæн концерты тыххæй

© Sputnik / Наталья Айриян Ацы къуыри киноконцертон зал "Чермен"-ы уагъд цæудзæн хæрзаудæн концерт, уый тыххæй лæмбынæгдæр радио Sputnik эфиры радзырдта сывæллæтты сфæлдыстады галуаны режиссер Дзигойты Марина
 Ацы къуыри киноконцертон зал Чермен-ы уагъд цæудзæн хæрзаудæн концерт, уый тыххæй лæмбынæгдæр радио Sputnik эфиры радзырдта сывæллæтты сфæлдыстады галуаны режиссер Дзигойты Марина - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Киноконцертон зал "Чермен"-ы уагъд ӕрцæудзæн хæрзаудæн концерт, уый тыххæй лæмбынæгдæр радио Sputnik эфиры радзырдта Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны режиссер Дзигойты Марина
Дзигойты Марина лæмбынæгæй радзырдта хæрзаудæн концерты тыххæй

16 -17 декабры Цхинвалы ацæудзæн хæрзаудæн концерт, кæцы уагъд цæуы Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны хъæппæрисæй æмæ хæрзаудæн фонд "Лæвар базыртæ"-йы æмархайдæй. Дзигойты Марина нын куыд радзырдта афтæмæй галуаны хореографион къорды кафы Икъоты Родион, кæцыйæн 2018 азы йæ фыд Икъоты Рудольф бахаудта аварийы. Рудольфы хъæуы дæргъвæтин реабилитаци, уымæ гæсгæ цы æхцайы фæрæзтæ ртымбыл уа концерты фæрцы, уыдонæй баххуыс кæндзысты бинонтæн.

Дзигойты Марина ма нын куыд загъта уымæ гæсгæ концерт уыдзæн тынг цымыдисон. Æвдыст дзы æрцæудзæн хореографион сюитæ - Нарты Батрадзы кадæг, кæцы бацæттæ кодта хореографийы къорды къухдариуæггæнæг Чилæхсаты Георгий.

"Æрæджы сывæллæттæ сфæлдыстады галуан банысан кодта йæ 65 азы, æмæ уæд фыццаг хатт равдыстам ацы сюитæ. Адæмы зæрдæмæ тынг фæцыд, æмæ нæ уый тыххæй бафæндыд ноджы равдисын сценæйыл", - банысан кодта Дзигойты Марина.

Сывæллæтты сфæлдыстады галуан у удцырынгæнæг æмæ фантазиты дуне, кæцы дæтты фадат нæ чысыл æмбæстæгтæн райсын уæлæмхас ахуыр. Бирæ алыгъуызон къордтæ дзы ис æмæ сæм зæрдиагæй цæуынц нæ горæты сывæллæттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0