Армукъа, наз бæлас æмæ гирляндæтæ: куыд цæттæ кæнынц Цхинвал Ног азмæ

© Sputnik / Наталья АйриянНог аз Хуссар Ирыстоны
Ног аз Хуссар Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы Театралон фæзуат, Къостайы сквер æмæ ногазон наз бæласы фæлындынмæ æрæвналдзысты декабры дыккаг æмбисы

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Иры сæйраг наз бæлас æвæрынмæ æрæвналдзысты 17 декабрæй фæстæмæ, фехъусын кодта Sputnik Паддзахадон унитарон куыстуат "Ир-дизайн"-ы директор Кокойты Роман.

Уый банысан кодта, уæдмæ аразджытæ хъæй хъуамæ фæуой фонтаны алыварс æмбонты демонтаж æмæ бауадзой горæты къухдариуæгады Театралон фæзуат сфæлындын.

Пиротехникæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ногазон цин æмæ фыдбылызтæ: хъæуы пиротехника æви нæ

"Ногазон наз бæлас уыдзæн аразгæ æмæ йæ, традицимæ гæсгæ, сæвæрдзысты Цхинвалы централон фæзуаты. Наз бæлас балхæдтам фарон, у ног æмæ гъæдджын", - радзырдта Кокойты Роман.

"Ир-дизайн"-ы директор ма фехъусын кодта, столицæйы уынгтæ ныридæгæн кæй райдыдтой фæлындын ног азмæ.

"Цхинвалы фондз уынгыл ауындзæм гирляндæтæ, 8-æм июны уынг ныридæгæн у фæлыст. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Путины уынгыл. Дарддæр рады сты Харебаты Исахъ æмæ Сталины уынгтæ, афтæ ма Джиоты Аланы проспект", - ранымадта уый.

Горæты администрациийы та куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ногазон хъазæнты армукъа байгом уыдзæн къуырисæры, 16 декабры, Харебаты Исахъы уынгыл базары раз.

Ног хабӕртты лентӕ
0