Президенты кубок футболæй дыккаг аз фæд-фæдыл рамбылдта "Хъайтарты" командæ

© Sputnik / Наталья АйриянПрезиденты кубок футболæй
Президенты кубок футболæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хъайтарты уынджы командæ финалы фембæлд Нæузæххонты командæимæ. Хъазты сæйраг æмгъуыд ахицæн ис æмдыхæй, уæлахиздзау фæбæрæг ис пенальтиты руаджы

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы Хъайтарты уынджы командæ ссис футболæй Президенты Кубок рамбулыны сæраппонд æртыккаг æппæтреспубликон турниры уæлахиздзау, финалы Нæузæххонты командæ рамбулгæйæ. Командæ дыккаг аз фæд-фæдыл хæссы турниры сæйраг хорзæх - Президенты кубок.

Ерыстæ цæуынц ныр æртæ азы дæргъы, сæ фыццаг триумфатор уыд Паддзахадон æдасдзинады командæ.

Турниры кæройнаг хъæзтытæм æрбацыд президент Бибылты Анатолий, уый раарфæ кодта мадзалы архайджытæн æмæ баныфсæвæрдта, радон  азмæ кæй фæбæрзондæр уыдзæн турниры æмвæзад.

"Арфæ кæнын уæлахидзаутæн, уыдон дыууæ аз фæд-фæдыл хæссынц Кубок. Аннæ аз тох уыдзæн карздæр, хъазджыты дæсныйад бæрзонддæр", - загъта президент.

Турниры финалон хъазтытæ ныффæстиат сты, цалдæр боны размæ аварийы фæстиуæгæн цы æвзонг лæппутæ фæмард сты, уыдон зиæнттæ бавæрыны тыххæй. Президент æрсидт иу уысм æдзæмæй алæугæйæ уыдоны рухс ном ссарын.

© Sputnik / Наталья АйриянПрезиденты кубок футболæй
Президенты кубок футболæй дыккаг аз фæд-фæдыл рамбылдта Хъайтарты командæ   - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президенты кубок футболæй

Финалæй чысыл раздæр аскъуыддзаг æртыккаг бынаты хъысмæт — "Дыргуис" æмæ "Футболы ветеранты" хсæн æндыгъд хъазты тыхджындæр разындысты æвзæнгтæ. Хъазт ахицæн ис 4:6 хыгъдæй. Ветеранты командæйы сконды хъазыдысты, ныридæгæн тренерон куыстмæ чи ахызт, уыдон, стæй ма Хуссар Иры футболы федерацийы президент Джиоты Алан.

"Фæсивæд сты цырддæр æмæ тыхджындæр, уымæ гæсгæ, Дыргуис сты æртыккаг призертæ. Имуæйагæй сисгæйæ та азæй-азмæ хуыздæр кæны се ʻмвæзад æмæ арæхстдзинад, цас уæрæхдæр кæна мадзалы гуырахст, уый бæрц хуыздæр размæ цæудзæн футбол", - загъта Джиоты Алан.

Президенты Кубокы сæраппонд хъæзтыты командон ерысты æмрæстæджы рабæрæг сты хуыздæр хъазджытæ дæр. Организатортæ сæрмагонд призтæй рахицæн кодтой æхсæз адæймаджы.

Турниры "хуыздæр хъахъхъæнæг"-ы приз райста Дыргуисы командæйы хъазæг Зæгъойты Алим. "Хуыздæр размæбырсæг"-ы статуэткæ та ахаста Нæузæххонты командæйы хъазæг Къæбулты Констатин. Турниры "хуыздæр тæрхонгæнæг"-ыл банымадтой Къусраты Ромеойы. Хъæзтыты хатдзæгтæм гæсгæ, "хуыздæр дуаргæс" ссис Хъайтарты командæйы уæнг Багаты Дзамболат. Турниры "хуыздæр хъазæджы" ном та фæцис Тыджыты Константины. Сæрмагонд призты нымæцмæ ма ноджы бахуад иу хорзæх "æнувыд фарсхæцæг", уымæй та рахицæн кодтой Хъуылымбегты Вадимы.

© Sputnik / Наталья АйриянПрезиденты кубок футболæй
Президенты кубок футболæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Президенты кубок футболæй
© Sputnik / Наталья АйриянПрезиденты кубок футболæй
Президенты кубок футболæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Президенты кубок футболæй
© Sputnik / Наталья АйриянПрезиденты кубок футболæй
Президенты кубок футболæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Президенты кубок футболæй
1/3
Президенты кубок футболæй
2/3
Президенты кубок футболæй
3/3
Президенты кубок футболæй
Ног хабӕртты лентӕ
0