Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы сарæзтой инфраструктурæйы объекттæ

© Пресс-служба Дзауского районаДзауы районы Синагуры хъӕумӕ сарӕзтой хид
Дзауы районы Синагуры хъӕумӕ сарӕзтой хид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Азы дæргъы Сингурмæ сарæзтой хид æмæ сцалцæг кодтой фæндаг, Джалабеты хъæумæ дæр арæзт æрцыд хид

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дзауы районы дæртдзæф арæнгæрон хъæу Синагурмæ районы цæрæн-коммуналон хæдзарады тыххæй арæзт æрцыд хид. Ӕмбæлон уагыл фæндагон бастдзинад районæн нæ уыд советон дуджы дæр, фехъусын кодта Sputnik районы пресс-службæйы кусæг Тедеты Лиана.

© Пресс-служба Дзауского районаДзауы районы Синагуры хъӕумӕ сарӕзтой хид
Хуссар Иры арæнгæрон хъæуы сарæзтой инфраструктурæйы объекттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзауы районы Синагуры хъӕумӕ сарӕзтой хид

Азы дæргъы ацы комы арæзт æрцыд инфраструктурæйы къорд объекты – сарæзтой хид Сингурмæ æмæ йæм сцалцæг кодтой фæндаг, Джалабеты хъæумæ сарæзтой хид.

"Синагуры хъæумæ хид никуы уыд, æвзæр бонгъæдты иу цæугæдон раивылд æмæ бацæуæн надл уыд хъæумæ. Цал хатты хизын ацы хидыл, уал хатты арфæ кæнын йæ саразджытæн", - хъусын кæнын пресс-службæ хъæуы цæрæг Бæззаты Риммæйы ныхæстæ.

Арæзтæдтæ ацы къуыри бабæрæг кодта районы разамонæг Джиоты Андрей. Ӕнгæс куырдиат районы размынадмæ æрбацыд Теделеты хъæуы цæджытæй. Пресс-службæйы банысан кодтой, уым дæр 2020 азы кæй сараздзысты хид.

Ног хабӕртты лентӕ
0