Цхинвалы дуканийы хицаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар пиротехникӕ уӕй кӕныны тыххӕй

© МВД РЮОЦхинвалы дуканийы хицаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар пиротехникӕ уӕй кӕныны тыххӕй
Цхинвалы дуканийы хицаумӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар пиротехникӕ уӕй кӕныны тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны тобӕгонд у ӕнӕлегалон пиротехникӕ ласын ӕмӕ реализаци кӕнын – фӕткхалджытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар

ЦХИНВАЛ, 13 дек — Sputnik. Цхинвалы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) экономикон фыдракӕндты ныхмӕ тохы хайады кусджытӕ ссардтой тобӕгонд пиротехникӕ.

Пиротехникæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ногазон цин æмæ фыдбылызтæ: хъæуы пиротехника æви нæ

МХМ пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй барадхъахъхъӕнджытӕ ауагътой рейдтӕ столицӕйы базарадон объектты, кӕцыты рӕстӕджы Цхинвалы дуканитӕй иуы ссардтой пиротехникӕйы 213 иуӕджы.

"Дуканийы хицауы фӕдыл сарӕзтой административон протокол, кӕцы барвитдзысты горӕт Цхинвалы тӕрхондонмӕ. Пиротехникӕ ӕнӕзаконон уӕй кӕныны тыххӕй амалиуӕггӕнӕгмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы ивар", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Цхинвалы профилактикон мадзӕлттӕ уагъд цӕуынц мидхъуыддӕгты министры уынаффӕмӕ гӕсгӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл ӕнӕлегалон пиротехникӕ реализаци кӕныны фӕдыл. Рейдтӕ адаргъ уыдзысты ногазон бӕрӕгбонты кӕронмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0