Хуссар Иры цӕрӕджы хӕдзары ссардтой гӕн

© Sputnik / Виталий Аньков /  Ахизын медиабанкмæГӕн
Гӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Наркотикон буарад ссардтой республикӕйы Ленингоры районы Орчъосаны хъӕуы 39-аздзыд цӕрӕджы хӕдзары басгӕрсты рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны наркотикон буарадтӕм хъусдарды кусджытӕ ивгъуыд къуыри ссардтой 39-аздзыд цӕрӕджы хӕдзары гӕн, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.

Наниты Игорь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Наниты Игорь: хъæуы фæкарздæр кæнын закондæттынад наркотиктæй пайда кæныны ныхмæ

Наркотикон буарад, кӕцыйы иумӕйаг массӕ уыд фондз граммӕй фылдӕр, ссардтой нӕлгоймаджы хӕдзары басгӕрсты рӕстӕджы РХИ Ленингоры районы Орчъосаны хъӕуы. Республикӕйы ӕмбӕстаг фехӕлдта закон наркотикон буарадтӕ ӕнӕзаконон ӕлхӕнын ӕмӕ ӕвӕрыны фӕдыл, банысан кодтой уагдоны.

Афтӕ ма МХМ фехъусын кодтой, иу къуыримӕ республикӕйы дыууӕ цӕрӕджы фӕивар кодтой "наркотикон, кӕнӕ ӕндӕр психотропон буарадтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй".

Ног хабӕртты лентӕ
0