Науруйы лӕвар Хуссар Иры адӕмӕн: дыууӕ бӕстӕйы хсӕн дипломатон ахастыты 10-азон юбилей

© Flickr / Robert Menzies Jr.Науру
Науру - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дӕс азы размӕ, 16 декабры 2009 азы, Науруйы къухдариуӕгад банымадта Республикӕ Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад

ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад (ФХМ) арвыста арфӕйы тел Науруйы фӕсарӕйнаг хъуыддӕгтӕ, базарад ӕмӕ финансты министрадмӕ дыууӕ бӕстӕйы хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны 10-ӕм афӕдзы боны цытӕн.

Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕджы фембӕлд Науруйы президентимӕ
Науруйы лӕвар Хуссар Иры адӕмӕн: дыууӕ бӕстӕйы хсӕн дипломатон ахастыты 10-азон юбилей - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕджы фембӕлд Науруйы президентимӕ

Республикӕ Науру банымадта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад 16 декабры 2009 азы. ФХМ хъусинаджы куыд хъусын кӕнынц, афтӕмӕй ацы датӕйӕн ис ахсджиаг бынат хуссарирыстойнаг республикӕйы историйы.

"Ацы бон Науруйы къухдариуӕгад фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинад банымайын ӕмӕ дыууӕ бӕстӕйы хсӕн дипломатон ахастытӕ сфидар кӕныны фӕнды тыххӕй. Ацы къахдзӕф уыд стыр лӕвар Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕмӕн", - дзырдӕуы арфӕйы телы.

ФХМ бафтыдтой, зӕгъгӕ, 10 азмӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Науруйы хсӕн бастдзинӕдтӕ райстой пайдаджын райрӕзт, кӕцы здӕхт у политикон, экономикон ӕмӕ культурон ӕмгуыстады рауӕрӕхмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0