"Уыд иттæг хорз хæлар": Тасболат Ибрашев Цхинвалы фæмардуæвæг æмбалы тыххæй

© Sputnik / Наталья АйриянТасболат Ибрашев
Тасболат Ибрашев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры 2008 азы хæсты хъайтартæй иу, кæцы уæд службæ кодта 58-æм æфсады рæнхъыты, иуæндæс азы фæстæ æрцыд Цхинвалмæ. Фыццаг рады уый бацыд йæ хæстон хæлары мæлæты бынатмæ

ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik, Гæбæраты Ян. 2008 азы хæсты фæстæ æнæхъæн дунейы апарахат къам, цы ран уæрæсейаг æфсæддон пулеметимæ æрлæууыд гуырдзиаг æфсады колоннæйы раз. Къамыл цы астрахайнаг Тасболат Ибрашев ис, уый 11 азы фæстæ æрцыд Хуссæр Ирыстонмæ.

"Мах базонгæ стæм, Цæцæны куы службæ кодтон, уæд", - мысы Ибрашев, йæ хæстон хæлар, 2008 азы фæмардуæвæг Денис Ветчиновы цырты цур лæугæйæ.

2008 азы августы Интернеты апарахат ис къам: кадры уæрæсейаг æфсæддон лæууы гуырдзиаг æфсады раз.

© AP Photo / Darko BandicТасболат Ибрашев в августе 2008 года
Уыд иттæг хорз хæлар: Тасболат Ибрашев Цхинвалы фæмардуæвæг æмбалы тыххæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тасболат Ибрашев в августе 2008 года

"Ӕз æххæст кодтон бардзырд. Загътой мын: ам лæу æмæ макуыдæм ацу", - дзуры Ибрашев.

Фæсарæйнаг журналиссты дисы бафтыдта лæппуйы хъæбатырдзинад, ныммыхуыр кодтой уац ахæм номимæ: "Уырысы 300 дæр нæ хъæуы, иу дæр сæ фаг у".

"Уыцы уысм æз хъуыды кодтой мæ ныййарджытыл, æмбæрстон, гæнæн кæй ис æмæ сæ макуыуал фенон", - дзуры солдат.

Бирæ рæстæг нымад цыд, зæгъгæ, къамыл кæй ис Бато Дашидоршиев, кæцы фæмард цалдæр боны фæстæ.

"Интернеты ацы къам куы федтон, уæд ныффыстон йæ бынмæ, æз кæй дæн, фæлæ мыл ничи æууæндыд - дæ хуызæн нæу, зæгъгæ, æмæ дæхиуыл кæйдæр хъайтардзинад фыссыс. Уæд сæ æз дæр ныууагътон сæхи бар", - банысан кодта Ибрашев.

© Sputnik / Наталья АйриянТасболат Ибрашев.
Тасболат Ибрашев - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Тасболат Ибрашев.
© Sputnik / Наталья АйриянТасболат Ибрашев.
Тасболат Ибрашев - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Тасболат Ибрашев.
© Sputnik / Наталья АйриянТасболат Ибрашев.
Тасболат Ибрашев - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Тасболат Ибрашев.
1/3
Тасболат Ибрашев.
2/3
Тасболат Ибрашев.
3/3
Тасболат Ибрашев.

Къуырисæры райсомæй Ибрашев азылд Хуссар Ирыстоны уыцы тагикон бонтимæ баст бынæттыл, дидинтæ сæвæрдта Денис Вечтиновы цыртмæ.

"Уый уыд тынг хорз лæппу. Мæнæн баззад офицер, æфсымæр æмæ æцæг æмбалы дæнцæгæн", - мысы лæппу.

Ӕфсæддон архæйдтыты ветераны республикæмæ фæхуыдта Sputnik.

Ног хабӕртты лентӕ
0