Ирыстоны фæззæджы диссаджы рæсугъддзинад равдыста видеоблогер

© InstagramИрыстон
Ирыстон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирыстоны фæззыгон пейзажты хъарм хуызтæ æмæ зынгæ композитор Ӕлборты Феликсы музыкæ стыр æхцондзинад æрхастой Интернетæй пайдагæнджытæн

ЦХИНВАЛ, 17 дек — Sputnik. Зындгонд ирон къамисæг æмæ блогер Гасситы Михаил ныммыхуыр кодта видеоролик Ирыстоны диссаджы рæсугъд фæззыгон пейзажтимæ. Видео ист æрцыд уæлæрвтæй дроны æххуысæй. 

Посмотреть эту публикацию в Instagram

Публикация от Mikhail Gassiev 🧗🏼‍♂️🗻📷🎬 (@mikhoshka)

Кадрты æвдыст æрцыдысты "сыгъзæрин" ирон фæззæджы ахорæнтæ иууылдæр, семæ æмдзу кæны зынгæ ирон композитор, Хуссар Ирыстоны Кады зарæджы автор Ӕлборты Феликсы уацмыс "Экспромт".

"Ацы видео - эмоцитæ æмæ æнкъарæнты тыххæй, кæцыты æз æвзарын мæ райгуырæн зæхмæ. Дидин æфтау, Алани", - ныффыста Михаил йæ видеороликы бын.

Видео стыр æхцондзинад æрхаста Интернетæй пайдагæнджытæн, уыдон йæ бынмæ фыссынц сæдæгай зæрдæскъæфт комментаритæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0