Хуссар Иры фидӕнмӕ гӕнӕн ис фӕзына ипотекӕ

© Sputnik / Карина ГаглоеваМикрорайон ЦАРЗ
Микрорайон ЦАРЗ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыццӕджы Цхинвалы уагъд цӕуы Хуссар Ирыстоны президенты пресс-конференци, Бибылты Анатолий хатдзӕгтӕ скодта ацы азӕн. Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕрдзырдта цӕрӕнуатон проблемӕйыл

ЦХИНВАЛ, 17 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад аразы закон ипотекон кредиткӕнынады фӕдыл республикӕйы.

Æфстау хæдзар: кæд уыдзæн ипотекæ Хуссар Иры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Æфстау хæдзар: кæд уыдзæн ипотекæ Хуссар Иры

Президент Бибылты Анатолий банысан кодта, закон гӕнӕн ис кӕй райсой фидӕн азы февралы. Цӕрӕнуатон фарст алыхатт дӕр уыд республикӕйы иууыл ахсджиагдӕр проблемӕтӕй иу, уый фӕдыл ӕмбӕстӕгты арӕхдӕр цымыдис кӕны ипотекон кредиткӕнынады фарст.

"Уый классикон ипотекӕ нӕ уыдзӕн, кӕцымӕ гӕсгӕ адӕймаг райсы ӕхцатӕ банчы, ӕлхӕны цӕрӕнуат ӕмӕ уый фӕстӕ фиды ӕхца. Махӕн нӕй фадӕттӕ, цӕмӕй алкӕмӕндӕр фидӕм ахӕм ӕхцатӕ. Мах ацӕудзыстӕм ӕндӕр фӕндагыл. Адӕймаг райсдзӕн цӕрӕнуат ӕмӕ уый фӕстӕ фиддзӕн уый тыххӕй банкмӕ. Банкмӕ цы ӕхцатӕ фидой, уыдонӕй паддзахад араздзӕн ног цӕрӕнуат", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Президент банысан кодта, ипотекӕйы азы процент кӕй уыдзӕн ӕрмӕстдӕр ӕхсӕз. Президенты уырны, республикӕйы цӕрӕнуатон фонды 30-40 проценты кӕй ӕлхӕндзысты ипотекӕйы уылты.

Ног хабӕртты лентӕ
0