ЦХИНВАЛ, 17 дек - Sputnik. Мидхъуыддӕгты министр, милицийы инӕлар-майор Наниты Игорь схорзӕхджын кодта МХМ кады грамотӕйӕ республикӕйы ленк кӕныны федерацийы сӕргълӕууӕг Евгения Терлеевайы.
Уагдоны пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй министр банысан кодта бӕрзонд спортивон фӕстиуджытӕ ӕмӕ Терлеевайы стыр сӕрмагонд хайбавӕрд республикӕйы спорты райрӕзтмӕ.
"Ды дӕ бӕрнон ӕмӕ фӕлтӕрд ахуыргӕнӕг, Дӕ архайды руаджы нӕ сывӕллӕттӕн ис ӕнтыстытӕ спорты", - загъта Наниты Игорь.

Евгения Терлеева загъта бузныг МХМ сӕргълӕууӕгӕн хъусдарды тыххӕй ӕмӕ банысан кодта милицийы кусджыты ӕххуыс спортивон мадзӕлттӕ ауадзыны.
"Нӕ спортивон мадзӕлттӕм фӕсарӕнтӕй командӕтӕ куы ӕрцӕуынц, уӕд фӕзыны ӕдасдзинады фарст. Ӕмӕ алыхатт дӕр ӕз ныфс дӕттын ӕндӕр командӕты тренертӕн, Республикӕ Хуссар Ирыстоны кӕй у ӕдас", - загъта Терлеева.
Афтӕ ма уый бахахх кодта, республикӕйӕн кӕй ис стыр потенциал спорты. Федерацийы сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, спортӕй архайгӕйӕ сывӕллӕттӕ фӕивынц хуыздӕрырдӕм.
Амӕйразмӕ Хуссар Ирыстоны командӕ ленк кӕнынӕй ӕнтыстджын архайд скодта Цӕгат Ирыстоны чемпионат ӕмӕ фыццагады. Ерыстӕ цыдысты ӕртӕ боны – хуссарирыстойнаг командӕ рамбылдта 155 майданы иумӕйаг хыгъды.