Ирыстойнаг кикбоксертӕ рамбылдтой ӕппӕтуӕрӕсейон турнир Санкт-Петербурджы

CC0 / / Ирыстойнаг кикбоксертӕ рамбылдтой ӕппӕтуӕрӕсейон турнир Санкт-Петербурджы
Ирыстойнаг кикбоксертӕ рамбылдтой ӕппӕтуӕрӕсейон турнир Санкт-Петербурджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсментӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин майданы турниры, кӕцы ӕрӕмбырд кодта 400 спортсмены Уӕрӕсе ӕмӕ Казахстанӕй

ЦХИНВАЛ, 18 дек – Sputnik. Уалыты Тамерлан ӕмӕ Абайты Марат ссисты кикбоксингӕй XXII Ӕппӕтуӕрӕсейон турнир ӕвзӕнгты хсӕн "Кубок Петра"-йы уӕлахиздзаутӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.

Ирыстойнаг боксер схызт Уӕрӕсейы фыццагады кады пьедесталмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг боксер схызт Уӕрӕсейы фыццагады кады пьедесталмӕ

Уалыты Тамерлан бацахста фыццаг бынат 67 кг уӕзы категорийы, Абайты Марат та схызт кады пьедесталы уӕлдӕр къӕпхӕнмӕ 71 кг уӕзы категорийы.

Турнир ӕрӕмбырд кодта 400 спортсмены Уӕрӕсе ӕмӕ Казахстанӕй.

Спортсментӕ тренировкӕ кӕнынц Хаситы Дмитрийы къухдариуӕгады бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0