Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци
Хуссар Ирмӕ ӕрцыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къуырийы дӕргъы хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг фарсыты экспертон къордты минӕвӕрттӕ уадздзысты куыст алыгъуызон здӕхтты

ЦХИНВАЛ, 18 дек — Sputnik. Цхинвалы дыццӕджы ацыд Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады делегацийы фембӕлд Хуссар Ирыстоны хъахъхъӕнынадон уагдоны къухдариуӕгадимӕ ӕмархайды фарстыты фӕдыл. Уӕрӕсейаг делегацийы сӕргъ лӕууы УФ Гарзджын тыхты Генералон штабы хистӕры хӕдивӕг, инӕлар-булкъон Сергей Истраков, хъусын кӕны РХИ Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Президент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады кусджыты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хъӕбатырдзинады тыххӕй: Президент схорзӕхджын кодта Хъахъхъӕнынады министрады кусджыты

РХИ хъахъхъӕнынады министр, инӕлар-лейтенант Гассеты Ибрагим куыд банысан кодта, афтӕмӕй Уӕрӕсеимӕ ӕмархайды руаджы ӕфсӕддон фадыджы скъуыддзаг цӕуынц паддзахады хӕслӕвӕрдтӕ.

"Нӕ паддзахӕдты хъахъхъӕнынадон уагдӕтты хсӕн ӕмархайдӕн хорз саргъ кодтой Уӕрӕсейы хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгу ӕмӕ Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлды рӕстӕджы", - загъта Гассеты Ибрагим.

Афтӕ ма хъахъхъӕнынады министр бахахх кодта, боны фӕткы иууыл сӕйрагдӕр хӕслӕвӕрдтӕй иу кӕй у Уӕрӕсейы Гарзджын тыхты скондмӕ Хуссар Ирыстоны ӕфсады хайӕдты бахизыны фӕдыл бадзырды реализаци.

Гассеты Ибрагим банысан кодта, ацы бадзырдӕн кӕй ис ӕрмӕст ӕфсӕддон нӕ, фӕлӕ ма стыр социалон-политикон нысаниуӕг дӕр.

Истраков загъта бузныг Хъахъхъӕнынады министрады сӕргълӕууӕгӕн хъарм райсты тыххӕй.

Къуырийы дӕргъы хуссарирыстойнаг ӕмӕ уӕрӕсейаг фарсыты экспертон къордты минӕвӕрттӕ уадздзысты куыст алыгъуызон здӕхтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0