Бибылты Анатолий хайад райста ногазон акци "Бӕллицты фонтан"-ы

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий хайад райста ногазон акци "Бӕллицты фонтан"-ы
Бибылты Анатолий хайад райста ногазон акци Бӕллицты фонтан-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз "Бӕллицты фонтан" ӕрӕмбырд кодта 300 фыстӕгмӕ ӕввахс Цхинвалы æмæ Дзауы скъола-интернатты ахуырдзаутæй, афтӕ ма Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæй ӕмӕ ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕй

ЦХИНВАЛ, 19 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий бабӕрӕг кодта Паддзахадон телерадиокомпани "Ир", цы ран хайад райста ногазон акци "Бӕллицты фонтан"-ы, хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

© Пресс-служба президента РЮО"Бӕллицты фонтан"
Бибылты Анатолий хайад райста ногазон акци Бӕллицты фонтан-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бӕллицты фонтан"

Хæрзаудæн проект æххæст цæуы ныр æтыккаг аз. Йæ фæлгæтты республикæйы сæдæгай сабитæн сæ ногазон бæллицтæ сæххæст кæнынц амалхъом адæм. Сывӕллӕттӕ ауагътой фонтаны наутӕ фыстӕджытимӕ, кӕцытӕ здӕхт сты Митын Дадамӕ.

Бæллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Митын Дадайы бæсты: сидзæр сывæллæтты бæллицтæ сæххæст кæндзысты амалхъом адæм

Проекты амонӕг Сабанты Мӕдинӕ загъта бузныг Бибылты Анатолийӕн, ӕрвылаз кӕй ӕххӕст кӕны сывӕллӕтты бӕллицтӕ, уый тыххӕй.

Паддзахады сӕргълӕууӕг радзырдта, йӕ иууыл стырдӕр бӕллиц кӕй уыд бацӕуын ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндонмӕ - ӕмӕ ацы бӕллиц сӕххӕст ис.

Традицимӕ гӕсгӕ Бибылты Анатолий систа фонтанӕй ӕртӕ науы, кӕцыты республикӕйы скъолаты кӕстӕр къласты ахуырдзаутӕ бадзырдтой Митын Дадамӕ, цӕмӕй сын балӕвар кӕна велосипедтӕ, Цхинвалы дыккӕгӕм астӕуккаг скъолайы ахуыргӕнинаг та ракуырдта балхӕнын 50 кг конфеттӕ скъола интернаты сывӕллӕттӕн, цӕмӕй сын балӕвар кӕна бӕрӕгбоны ӕнкъарӕнтӕ.

© Пресс-служба президента РЮОБибылты Анатолий хайад райста ногазон акци "Бӕллицты фонтан"-ы
Бибылты Анатолий хайад райста ногазон акци Бӕллицты фонтан-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бибылты Анатолий хайад райста ногазон акци "Бӕллицты фонтан"-ы
Ног хабӕртты лентӕ
0