"Никуы мӕ ферох уыдзӕн Беслӕн": Путин йӕ куысты иууыл уӕззаудӕр моментыл

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæВладимир Путины стыр пресс-конференци
Владимир Путины стыр пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейаг лидер банысан кодта, йӕ куысты иууыл уӕззаудӕр моменттӕ кӕй уыдысты теракттӕ Беслӕн ӕмӕ Дубровкайы

ЦХИНВАЛ, 19 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы Федерацийы президент Владимир Путин фехъусын кодта иууыл уӕззаудӕр моменттӕ 2000 азы паддзахады президент куы ссис, уымӕй фӕстӕмӕ. Уый тыххӕй уый радзырдта стыр конференцийы рӕстӕджы цыппӕрӕмы.

Беслӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзӕуджыхъӕуы схорзӕхджын кодтой Беслӕны амынӕтты ирвӕзынгӕнджыты

Уӕрӕсейаг лидер банысан кодта, йӕ куысты иууыл уӕззаудӕр моменттӕ кӕй уыдысты теракттӕ Беслӕн ӕмӕ Дубровкайы.

"Иууыл уӕззаудӕр моменттӕ сты егъау теракттӕ. Уый у Беслӕн, никуы йӕ ферох кӕндзӕн. Уый у теракт Дубровкайы", - загъта уӕрӕсейаг лидер.

Беслӕны теракт ӕрцыд 2004 азы 1 сентябры райсом, бӕрӕгбонон линейкӕйы рӕстӕджы. Трагедийы амӕттаг баисты 334 уды, уыдон нымӕцы 186 сывӕллоны. Фӕмард ма дзы 10 сӕрмагонд службӕйы кусджытӕ, дыууӕ УУМ-ы ӕмӕ милицийы 15 кусӕджы. Фӕцӕф сты 810 амынӕты, сӕрмагонд службӕты ӕмӕ милицийы кусджытӕ, ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ.

Уӕрӕсейаг лидер Владимир Путин цыппӕрӕмы уадзы 15-ӕм стыр пресс-конференци. Мадзал уагъд цӕуы 2001 азӕй фӕстӕмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0