Хӕст къамы ӕвзагыл: цӕмӕн ӕрцыд студенткӕ Петербургӕй Хуссар Ирмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянЕлена Колюжная
Елена Колюжная - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстонмӕ ацы бонты ӕрцыд студенткӕ Санкт-Петербурджы скъола "Фотографика"-йӕ Елена Калюжная. Республикӕмӕ балцы тыххӕй Елена радзырдта Sputnik уацхӕссӕг Годжысаты Аннайӕн

Студенткӕ ӕрцыд республикӕмӕ йӕ фотопроекты темӕйы тыххӕй. Уыйы фӕнды равдисын йӕ къамтыл Хуссар Ирыстоны ӕвзонг адӕмы, кӕцытӕ хайад истой кӕнӕ уыдысты цӕстӕйфенджытӕ 2008 азы хӕсты рӕстӕджы.

- Цӕмӕн равзӕрстай дӕ проектӕн Фондзбонон хӕсты темӕ?

- 2008 азы мӕныл цыд 16 азы. Мӕн фӕндыд бамбарын, цы ӕнкъарӕнтӕ уыд уыцы ӕвзонг адӕмӕн, кӕцытӕ сфӕрӕзтой хӕсты цаутӕ.

Уӕрӕсейы сывӕллӕтты хъомыл кӕнынц Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты хъайтардзинады цӕвиттоныл, ивгъуыд ӕнусы 90-ӕм ӕзты хӕстон конфликтты тыххӕй та ДИФ-тӕ дӕттой цъус информаци.

Тасболат Ибрашев 2008 азы августы  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гуырдзиаг-ирон хæсты хъайтары 11 азы фæстæ схорзæхджын кодтой Цхинвалы

- Цы тӕлмӕнтӕ дын ис горӕтӕй? Куыд дыл сӕмбӕлдысты цӕрджытӕ?

- Тынг зӕрдӕмӕдзӕугӕ чысыл горӕт у. Хъарм боныгъӕд дзы ис зымӕгӕн, цӕрджытӕ та сты хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уазӕгуарзӕг. Хӕсты темӕ сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, тынг актуалон у. Бирӕты нӕ фӕнды мысын хӕсты рӕстӕг. Фӕлӕ хуыздӕр куы базонгӕ вӕййӕм, уӕд райдайынц дзурын уыцы цауты тыххӕй.

- Цавӕр нысӕнттӕ ис проекттӕн?

- Фӕнды мӕ саразын къамты проект. Уым уыдзысты хъайтарты къамтӕ сӕ историтимӕ хӕсты тыххӕй. Афтӕ ма мӕ дзы фӕнды бахӕссын архивон къамтӕ, цы ран уыдзысты хӕстон архӕйдтыты бынӕттӕ. Сӕйраг хъусдард здӕхт уыдзӕн ӕвзонг адӕмы историтӕм.

- Кӕм ныммыхуыр кӕндзынӕ дӕ куыст?

- Проект куы балхынцъ кӕнон, уӕд мӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ ныммыхуыр кӕнон ӕхсӕнадӕмон рауагъды.

Бафӕлвардзӕн, цӕмӕй фылдӕр адӕм базоной иуууӕндӕс азы размӕ цауты тыххӕй къамты ӕвзаджы руаджы. Ацы истори ахсджиаг у ӕрмӕст ирӕттӕн нӕ, фӕлӕ ӕппӕт дунейӕн, уымӕн ӕмӕ хӕст у универсалон цау, кӕцы гӕнӕн ис ӕрцӕуа алкӕцы адӕмыл дӕр. Ахсджиаг у, цӕмӕй фидӕн фӕлтӕртӕ бамбарой хӕсты ӕвирхъау фӕстиуджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0