Цхинвалы ацӕудзӕн ӕрвылазон турнир ленк кӕнынӕй

© Sputnik / Наталья Айриян Цхинвалы ацӕудзӕн ӕрвылазон турнир ленк кӕнынӕй
Цхинвалы ацӕудзӕн ӕрвылазон турнир ленк кӕнынӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты рӕстӕджы сӕ тыхтӕ бафӕлвардзысты бассейнтӕ "Дельфин" ӕмӕ "Олимп"-ы ленкӕджытӕ алкӕцы кары дӕр

ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы спорты галуан "Олимп"-ы 21-22 декабры ацӕудзӕн ӕрвылазон чемпионат ленк кӕнынӕй, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны командӕ ленк кӕнынӕй хайад исы ерысты Новогодние старты, кӕцытӕ уагъд цӕуынц Кропоткины - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры ленкгӕнджытӕ рамбылдтой дыууӕ сыгъзӕрин ӕмӕ иу ӕвзист майдан ерысты

Спортивон мадзалы хайад райсдзысты бассейнтӕ "Дельфин" ӕмӕ "Олимп"-ы ленкгӕджытӕ. Иумӕйагӕй чемпионаты хайад райсдзысты 200 ленкгӕнӕгмӕ ӕввахс.

Хуссар Ирыстоны Ленк кӕныны федерацийы президент Евгения Терлеева куыд радзырдта, афтӕмӕй чемпионат цӕудзӕн ӕнӕ арӕнӕвӕрдтӕй кары къордты хсӕн ӕмӕ рабӕрӕг кӕндзӕн тыхджындӕр спортсменты алыгъуызон дистанциты.

Чемпионаты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ сараздзысты республикӕйы командӕтӕ 2020 азы ерыстӕм.

Ног хабӕртты лентӕ
0