Закон ӕмӕ ӕдасдзинад хъахъхъӕнгӕйӕ: президент раарфӕ кодта чекисттӕн

© Пресс-служба президента РЮОПрезидент Бибылты Анатолий Уисты арӕнгӕрон посты
Президент Бибылты Анатолий Уисты арӕнгӕрон посты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны нысан кӕнынц паддзахадон ӕдасдзинады органты кусджыты бон. Бӕрӕгбоны фӕдыл спецслужбӕты минӕвӕрттӕн раарфӕ кодта Бибылты Анатолий

ЦХИНВАЛ, 20 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон ӕдасдзинады органтӕ ӕххӕст кӕнынц ахсджиаг роль республикӕйы ӕдасдзинады фӕдыл вазыгджын хӕслӕвӕрдтӕ скъуыддзаг кӕныны хъуыддаджы, аккагӕй тох кӕнынц политикон ӕмӕ экономикон фыдракӕндтимӕ, хъахъхъӕнынц бӕстӕйы суверенитет ӕмӕ ӕнӕхъӕндзинад. Уый тыххӕй дзырдӕуы президент Бибылты Анатолийы арфӕйы паддзахадон ӕдасдзинады органты кусджыты боны цытӕн.

"Паддзахадон ӕдасдзинады органты кусджытӕ кӕддӕриддӕр хицӕн кодтой диссаджы хисӕрмагонд миниуджытӕй: партиотизмӕй, лӕгдзинадӕй, уӕндондзинадӕй ӕмӕ хиуылхӕцындзинадӕй. Уӕ оперативон архайдыл комкоммӕдӕр баст у бӕстӕйы мидӕггагон стабилондзинад. Ноджы ма уӕ иу ахсджиаг хӕс - паддзахадон арӕн хъахъхъӕнын", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Президент сӕрмагонд бузныг загъта Хуссар Иры дислокацигонд Уӕрӕсейы ӔФС Арӕнгӕрон управленийы къухдариуӕгад ӕмӕ хисӕрмагонд скондӕн, кӕцы хуссарирыстойнаг арӕнхъахъхъӕнджытимӕ кӕсы бӕстӕйы паддзахадон арӕнмӕ.

Афтӕ ма президент раарфӕ кодта паддзахадон ӕдасдзинады органты ветерантӕн, кӕцытӕ балӕвар кодтой бирӕ тыхтӕ ӕмӕ энерги райгуырӕн бӕстӕйӕн.

Президент банысан кодта, паддзахадон ӕдасдзинады органты кусджыты зонындзинӕдтӕ, фӕлтӕрддзинад ӕмӕ ӕрзон профессионализм даоддӕр дӕр кӕй уыдзысты Хуссар Иры политикон ӕмӕ социалон стабилондзинады гарант.

Ног хабӕртты лентӕ
0