00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
Утро на Спутнике
Пророссийские политики в Европе выходят на лидерские позиции
09:05
18 Мин
Утро на Спутнике
Учебный год в Южной Осетии начнется 5 сентября
09:24
4 Мин
Утро на Спутнике
В России с 1 марта 2027 года ГАИ начнет автоматически аннулировать права по медицинским показаниям
09:35
15 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Ӕнӕхицау зынгсирвӕзт: Хуссар Иры дыккаг бон судзы ӕфсӕддон полигоны территори

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры судзы ӕфсӕддон полигоны территори
Хуссар Иры судзы ӕфсӕддон полигоны территори - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ирвӕзынгӕнӕн уагдон йӕ цӕст дары уавӕрмӕ, фӕлӕ судзы хӕххон хъӕдджын бынат, ӕмӕ уырдӕм сӕрмагонд техникӕйӕн фадат нӕй бацӕуын

ЦХИНВАЛ, 20 дек – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны дыккаг бон полигон "Дзарцъем"-ы районы судзы кӕрдӕг. Зынгсирвӕзт райдыдта цыппӕрӕмы райсомӕй.

Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) фехъусын кодтой, зынгсирвӕзт кӕй ӕрцыд ӕфсӕддон полигоны территорийыл – хуссарирыстойнаг ирвӕзынгӕнджытӕн уырдӕм бацӕуыны бар нӕй. Афтӕ ма судзы хӕххон хъӕдджын бынат, ӕмӕ уырдӕм сӕрмагонд техникӕйӕн фадат нӕй бацӕуын. Уагдоны банысан кодтой, зынгфӕдисонтӕ цыппӕрӕмӕй фӕстӕмӕ къухӕй кӕй хуыссын кӕнынц арт, цӕмӕй ма аххӕсса полигоны территорийӕ.

"Мах нӕ цӕст дарӕм уавӕрмӕ", - загътой УУМ.

Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕйы банысан кодтой, кӕрдӕг кӕй судзы территорийыл, кӕцы хауы 4-ӕм уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕмӕ.

Уӕрӕсейаг базӕйы минӕвар та фидарӕй загъта, ӕфсӕддон полигоны территори, кӕцыйыл ӕрцыд зынгсирвӕзт, ис хуссарирыстойнаг хъахъхъӕнынадон уагдоны бӕрны.

"Нӕ информацимӕ гӕсгӕ, зынгсирвӕзт хуыссын кодтой полигоны командӕйы зынгфӕдисон къордтӕ", - банысан кодтой базӕйы.

Зынгсирвӕзты фӕзуат бӕрӕг нӕу.

Ног хабӕртты лентӕ
0