Дзауы районы сараздзысты ног лагерь сывæллæттæн

© Sputnik / Наталья АйриянСывæллæтты лагерь
Сывæллæтты лагерь - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Лагерь нымад уыдзæн 150 сабийæн, объекты арæзтадæн Инвестпрограммæмæ хаст æрцыд 240 милуан сомæй фылдæр

ЦХИНВАЛ, 23 дек – Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы 2022 азмæ сараздзысты сывæллæтты лагерь, фехъусын кодта Sputnik Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæ Тедеты Алена.

Бибылты Анатолийы фембæлд Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл уæрæсейаг министр Сергей Чеботаревимæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент: Инвестпрограммæ сæххæст уыдзæн 100 проценты

Уый банысан кодта, бæстыхай арæзт кæй æрцæудзæн 2020-2022 æзты Инвестпрограммæйы фæлгæтты.

"Объектæн проект сараздзысты 2021 азы, йæ арæзтадæн Инвестпрограммæмæ хаст æрцыд 240 милуан сомæй фылдæр. Лагерь нымад у 150 сабийыл", - радзырдта Тедеты Алена.

2020-2022 æзтæн Инвестпрограммæ фидар æрцыд хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг æхсæнхицауадон къамисы рабадтыл 2019 азы 19 апрелы. Нывæзтмæ бацыд 52 мадзалы. Президент Бибылты Анатолий банысан кодта, программæ кæй бындуриуæг кæны цæрджыты домæнтыл. Афтæ ма Инвестпрограммæйы фæлгæтты аразынмæ хъавынц скъолатæ æмæ сабиæттæ.

Нывæзты мадзæлтты реализацийæн æрвылаз дæр хицæн цæуы 1,5 миллиард сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0