Сӕххӕст кӕнӕм сабиты бӕллицтӕ: Хуссар Иры дарддӕр цӕуы "Бӕллицты фонтан"

© Pixabay"Бӕллицты фонтан"
Бӕллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан" уагъд цӕуы республикӕйы ӕртыккаг аз ӕмӕ сӕххӕст кодта 500 сывӕллонӕй фылдӕры бӕллицтӕ

ЦХИНВАЛ, 24 дек – Sputnik, Хъуылымбегты Елена. Сывӕллӕттӕн хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан", кӕцы райдыдта 18 декабры, дарддӕр уагъд цӕуы. Ацы аз фонтаны ауагътой 280 науы сидзӕр сывӕллӕтты бӕллицтимӕ ӕппӕт республикӕйӕ. Митын Дадайы фыццаг минӕвар ссис паддзахады сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий. Афтӕ ма акцимӕ ӕрбаиу сты парламенты спикер Тадтаты Алан ӕмӕ хицауады сӕрдар Пухаты Эрик.

© Sputnik / Елена КулумбеговаБекъойты Геннадий хайад исы хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы
Сӕххӕст кӕнӕм сабиты бӕллицтӕ: Хуссар Иры дарддӕр цӕуы Бӕллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бекъойты Геннадий хайад исы хӕрзаудӕн акци "Бӕллицты фонтан"-ы

Паддзахады фыццаг гоймӕгтӕй дарддӕр, наутӕ сывӕллӕтты бӕллицтимӕ исынц республикӕйы хуымӕтӕг цӕрджытӕ дӕр.

Депутат Бибылты Ацӕмӕз радзырдта, йӕхӕдӕг дӕр кӕй у скъола-интернаты рауагъдон ӕмӕ зоны сывӕллӕтты хъысмӕт. Ӕрвылаз Бибылты Ацӕмӕз хайад ис акцийы.

"Мӕнӕн сывӕллӕтты бӕллицтӕ ӕххӕст кӕнын ссис хорз традици. Ныр ӕртыккаг аз ӕз зӕрдиагӕй хайад исын "Бӕллицты фонтан"-ы, сисын наутӕ сывӕллӕтты бӕллицтимӕ ӕмӕ сӕ сӕххӕст кӕнын", - радзырдта Sputnik Бибылты Ацӕмӕз.
© Sputnik / Елена Кулумбегова"Бӕллицты фонтан": Бибылты Ацӕмӕз сӕххӕст кӕндзӕн сывӕллӕтты бӕллицтӕ
Сӕххӕст кӕнӕм сабиты бӕллицтӕ: Хуссар Иры дарддӕр цӕуы Бӕллицты фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Бӕллицты фонтан": Бибылты Ацӕмӕз сӕххӕст кӕндзӕн сывӕллӕтты бӕллицтӕ

Проекты амонджытӕй иу Сабанты Мӕдинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, дыууын сывӕллоны наутӕ бахӕццӕ сты сӕ Митын Дадатӕм.

"Фидарӕй мӕ бон у зӕгъын, Ног азмӕ 20 сывӕллоны бӕллицтӕ кӕй сӕххӕст уыдзысты, 260 науы та нырма нӕ систой", - бахахх кодта Сабанты Мӕдинӕ.

Акци "Бӕллицты фонтан"-ы фӕлгӕтты республикæйы сæдæгай сабитæн сæ ногазон бæллицтæ сæххæст кæнынц амалхъом адæм. Сывӕллӕттӕ ауагътой фонтаны наутӕ фыстӕджытимӕ, кӕцытӕ здӕхт сты Митын Дадамӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0