Юстицийы министр радзырдта, куыд фӕивта Цхинвалы колони

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы колони
Цхинвалы колони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
2018 азы реформӕ ӕфхӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны системӕйы балхынцъ ис, банысан кодта Хуссар Ирыстоны юстицийы министр Лалыты Зӕлинӕ

ЦХИНВАЛ, 24 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Ян. Юстицийы министрады сӕргълӕууӕг Лалыты Зӕлинӕ радзырдта Цхинвалы рӕстмӕгӕнӕн колонийы ивындзинӕдты тыххӕй, уый равдыста бӕстыхайы раздӕры ӕмӕ ныры къамтӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы паддзахадон мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты.

Раздӕр ӕрцахстуӕвджытӕ иууылдӕр уыдысты рӕстӕгмӕ дарӕн изоляторы. Ног реформӕйы фӕстиуӕгӕн ахӕсттӕ ныр уыдзысты хицӕн ран, режиммӕ гӕсгӕ.

"Ахӕсттӕ раздӕр уыдысты ӕвирхъау уавӕрты", - банысан кодта Лалыты Зӕлинӕ.

Министр бахахх кодта, ныр та сын кӕй ис ӕртӕхаттон хӕлцад ӕмӕ ӕххӕст медицинон лӕггад.

Рӕстмӕгӕн колони - Sputnik Хуссар Ирыстон
Юстицийы министр радта ног хӕслӕвӕрдтӕ ахӕстоны кусджытӕн

Лалыты Зӕлинӕ бафтыдта, ног комфортон уавӕртӕ ӕнцонвадат сты алкӕцы ахӕстӕн дӕр, режимы хуызмӕ нӕкӕсгӕйӕ.

Уымӕй дарддӕр министр радзырдта, йӕ цӕст кӕй дары куыстытӕм ӕмӕ ахӕстты уавӕртӕм, афтӕ ма арӕх бабӕрӕг кӕны колони ӕнӕ рагфӕдзӕхстӕй.

"Уыдон дисы бацӕуынц, райсом раджы мӕ уым куы фенынц. Ӕз бабӕрӕг кӕнын хӕрӕндон, администраци", - радзырдта министр.

Ног хабӕртты лентӕ
0