https://sputnik-ossetia.com/20191225/Khazn-mit-m-brgbony-rukhsyt-Tskhinvaly-bakodtoy-syrag-naz-blas-9824416.html
Хъазӕн мит ӕмӕ бӕрӕгбоны рухсытӕ: Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
Хъазӕн мит ӕмӕ бӕрӕгбоны рухсытӕ: Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
Sputnik Хуссар Ирыстон
Республикӕйы сӕйраг горӕты Театралон фӕзуатыл байгом кодтой сӕйраг ногазон наз бӕлас. Сабитӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕй дарддӕр ма бӕрӕгбонон мадзалмӕ ӕрбацыдысты... 25.12.2019 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2019-12-25T16:36+0300
2019-12-25T16:36+0300
2019-12-25T16:03+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/982/38/9823856_0:0:3071:1736_1920x0_80_0_0_7d36f43822b525a86ac9d1af612d9fc5.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2019
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/982/38/9823856_0:0:3071:1930_1920x0_80_0_0_cefbbbd1a7fff73a664555308610bd2b.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, культурӕ
ног хабӕрттӕ, хуссар ирыстоны, культурӕ
Хъазӕн мит ӕмӕ бӕрӕгбоны рухсытӕ: Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
Республикӕйы сӕйраг горӕты Театралон фӕзуатыл байгом кодтой сӕйраг ногазон наз бӕлас. Сабитӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕй дарддӕр ма бӕрӕгбонон мадзалмӕ ӕрбацыдысты бӕстӕйы къухдариуӕггӕнджытӕ президенты сӕргълӕудӕй
ЦХИНВАЛ, 25 дек – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Массон симгӕ кафт ӕмӕ хъазӕн митӕй банысан кодтой Хуссар Иры столицӕйы сӕйраг наз бӕласы баконд. Сӕдӕгай сабитӕ ӕртыццӕджы ӕрӕмбырд сты Цхинвалы централон фӕзуаты, цӕмӕй феной, куыд ссудздзысты ногазон рӕсугъд символы рухсытӕ.
Сывӕллӕтты ирхӕфстой Митын Дада ӕмӕ Митын чызг. Бӕрӕгбонмӕ ма ӕрбацыдысты бӕстӕйы къухдариуӕггӕнджытӕ президент Бибылты Анатолийы сӕргълӕудӕй.
Цалдӕр ӕрсидты фӕстӕ бӕрӕгбоны сӕйраг атрибут цӕхӕртӕ скалдта алыгъуызон рухсытӕй. Президент раарфӕ кодта сабитӕн ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ ныййарджытӕм хъусой ӕмӕ хорз ахуыр кӕной.
"Зынаргъ сабитӕ ӕмӕ сӕ ныййарджытӕ! Мах иууылдӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 31 декабрьмӕ, цӕмӕй иумӕ сӕмбӕлӕм ног 2020 азыл. Уырны мӕ, республикӕйы ӕппӕт сабитӕн дӕр ног аз кӕй ӕрхӕсдзӕн бирӕ ӕнтыстытӕ ӕмӕ хъӕлдзӕгдзинад", - загъта паддзахады сӕргълӕууӕг.
Мадзал адаррдӕр ис зарджытӕ ӕмӕ алыгъуызон хъӕзтытӕй.Сывӕллӕттӕн сарӕзтой сюрприз дӕр - арвӕл сыл ӕркалд хъазӕн мит. Уыдон ӕй хъӕлдзӕгӕй ӕмбырд кодтой ӕмӕ йӕ ӕхстой кӕрӕдзийыл. Цыбыр ӕмгъуыдмӕ фӕзуат миты бын фӕцис.
© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас
Цхинвалы бакодтой сӕйраг наз бӕлас