Цхинвалы ӕввахс рӕстӕджы скусдзӕн ног фонтан

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Националон стилы фонтан, кӕцы ис Путины уынгыл, нывӕндынц скусын кӕнын уалдзӕджы

ЦХИНВАЛ, 25 дек — Sputnik, Годжысаты Анна. Цхинвалы ног скверы Путины уынгыл ацыд фонтаны фӕлварӕн скуыст. Сквер аразынц раздӕры универмагы бынаты, кӕцы басыгъд 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы, бӕстыхайы къултӕ та ныккалдтой ацы аз уалдзӕджы.

Цхинвалы администрацийы цӕрӕн-коммуналон хӕдзарады (ЦКХ) хистӕр Лалыты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ног скверы хӕрзарӕзтадон куыстытӕ сты кӕронбӕттӕн этапыл.

"Фӕлварӕн скуыст ацыд иттӕг хорз. Фонтан срӕвдз кодтой, фӕлӕ зымӕджы фонтантӕ хъуамӕ ма кусой, уымæ гæсгæ йæ баиу кӕндзыстӕм уалдзӕджы", - банысан кодта Лалыты Сослан.

Уый ма бафтыдта, ног улӕфӕн зонӕ кæй сараздзысты националон стилы.

"Хъӕуы ма дзы саразын Нӕртон стилы бандӕттӕ, рухс ӕмӕ рацаразын цъӕх зонӕтӕ. Фӕуд кӕнынц декоративон ӕмбондтӕ сӕвӕрыны куыстытӕ", - бахахх кодта ЦКХ хистӕр.

Афтӕ ма уыцы ран кусдзӕн чысыл фонтан нуазыны донимӕ.

Сквер аразынц Путины уынгыл. Куыстытӕ райдыдтой ацы аз сӕрды райдайӕны.

Ног хабӕртты лентӕ
0