Низæфхæрд сывæллæттæн Цхинвалы равдисдзысты спектакль "Хæлæрттæ"

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы низæфхæрд сывæллæттæн равдисдзысты спектакль "Хæлæрттæ"
Цхинвалы низæфхæрд сывæллæттæн равдисдзысты спектакль Хæлæрттæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы низæфхæрд сывæллæттæн равдисдзысты спектакль "Хæлæрттæ"

ЦХИНВАЛ, 26 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон театримæ иумæ цæттæ кæнынц ногазон лæвар низæфхæрд сывæллæттæн. Спектакль "Хæлæрттæ" сæрмагондæй равдисдзысты сахъат æмæ уæззау рынчын сывæллæттæн, кæцытæн се 'нæниздзинад фадат нæ дæтты театырдзау суæвынæн, фехъусын кодта Sputnik театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан.

Къостайы æртæ цæсгомы: театр бавдисдзæн ног спектакль - Sputnik Хуссар Ирыстон
Къостайы æртæ цæсгомы: Хуссар Иры театр бавдисдзæн ног спектакль

Равдыст ацæудзæн цыппæрæмы, 26 декабры, Ӕнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады бæстыхайы боны æртæ сахатыл.

"Фыццаг хатт аразæм ахæм мадзал. Артисттæ иууылдæр равдыстой сæ разыдзинад. Сахъат æмæ рынчын сабитæй сæ фылдæрæн уый суыдзæн сæ фыццаг бацыд аргъаумæ", - загъта Дзудцаты Тамерлан.

Спектакль "Хæлæрттæ" театры труппæимæ иумæ сæвæрдта уагдоны аивадон къухдариуæггæнæг Дзудцаты Тамерлан йæхи фыст сценариймæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0