ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik. МИА "Россия сегодня"-йы къухдариуӕгад ӕмӕ кусджытӕ сарӕзтой флэшмоб #СпутникСила Sputnik Эстонийы порталы кусджытӕн ӕххуысӕн, кӕцытӕм Эстонийы къухдариуӕгад ӕртхъирӕн кӕны уголовон бӕрндзинадӕй ӕхсӕнадӕмон медиакъордимӕ бастдзинады тыххӕй.
Агентады ӕххӕстгӕнӕг директор Кирилл Вышинскийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уацхӕссӕгӕн хицауад куы ӕртхъирӕн кӕны, уӕд ахсджиаг нӕу, ӕрмӕстдӕр ахӕсты ӕртхъирӕн у, ӕви йӕ ахӕстоны сбадын кӕндзысты.
"Нӕ эстойнаг коллегӕтӕ ӕмӕ иууылдӕр мах ӕмбарӕм, цӕмӕн сын ӕртхъирӕн кӕнынц, ӕмӕ уый фӕдыл не ‘ххуыс уыдонӕн ахсджиаг у", - загъта Вышинский.
Sputnik Хуссар Ирыстон сӕ коллегӕты фӕстӕ ӕрбаиу флэшмобмӕ #СпутникСила Sputnik Эстонийы порталы кусджытӕн ӕххуысӕн.
18 декабры Sputnik Эстонийы кусджытӕ райстой полицийы департамент ӕмӕ республикӕйы арӕн хъахъхъӕнӕн хайадӕй фыстӕджытӕ комкомммӕ ӕртхъирӕнтимӕ, ома сӕ фӕдыл бакӕндзысты уголовон хъуыддӕгтӕ, 2020 азы 1 январмӕ куы нӕ рахизой МИА "Россия сегодня"-йы скондӕй, уӕд. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин фехъусын кодта, уӕрӕсейаг хицауад алцыдӕр кӕй араздзӕн, цӕмӕй ӕххуыс кӕна Sputnik-ӕн ӕндӕр бӕстӕты куысты.