ЦХИНВАЛ, 26 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Рагон ирон музыкалон инструментты æмæ зарæгкæныны ансамбль "Къона"-йы уæнг Деметы Зауыр Цхинвалы куыста рагон ирон музыкалон инструменттæ аразыны æрмадз бакæныныл. Ӕвзонг лæппуйы хъуыдыйы ма уыд фæсивæды цæгъдын ахуыр кæныны скъола бакæнын дæр. Зауыры абухгæ хъæппæристæн не скад кодтой Цхинвалы æмæ лæппуйы бахъуыд фæстæмæ аздæхын. Фæлæ йæ бæллицыл йæ зæрдæ не ʻсивта æмæ ацы бонты Цæгат Иры Горæтгæрон районы Тарскъæйы хъæуы бакодта, Цхинвалы йæ цы фæндыд саразын, уый.
Деметы Зауыр радзырдта Sputnik йе 'рмадзы куысты, рагон национ инструменттæн ног цард раттыны æмæ фидæны ацæг адæмон инструметты оркестр æмæ ансамбльтæ скæныны тыххæй.
"Скъолайы бакодтам æрмадз æртæ къуырийы размæ. Ацы хъуыддаджы нын тынг баххуыс кодта Тарскъæйы фыццæгæм скъолайы директор Тъехты Дунесса. Аныхас кодта районы ахуырады министрадимæ æмæ нын радтой бынат. Бынат барæсугъд кодтам, æрбаластон уырдæм хъæдæрмæг, кусæн мигæнæнтæ æмæ сабыргай райдыдтам кусын. Æрмадз скъолайы мидæг кæй ис, уый бирæ фенцондæр кодта нæ куыст - сывæллæттæ къæсæрæй дуармæ згъорынц ахуырмæ", - радзырдта Деметы Зауыр.
Ныридæгæн скъолайы ахуыр кæны дæсгай сывæллæттæ, æрмадзы æмрæстæджы арæзт цæуынц мигæнæнтæ дæр.
"Скъоладзаутæн сæ зæрдæмæ алцыдæр тынг цæуы, алчидæр бæллы, цæмæй дзæбæх сахуыр кæна музыкалон инструменттæ аразын, кæцы инструменттыл сæ стæй ахуыр кæнын цæгъдын. Нæ куыст хорз цæуы, сывæллæттæ бирæ архайынц, кусынц сæхиуыл. Дарддæр афтæ куы ацæуа, уæд ацы хъуыддаг уидæгтæ ауадздзæн", - бафтыдта уый.
Зауыры ныхæстæм гæсгæ, фæсивæд цымыдис æвдисын райдыдтой ирон зарджытæм, истори æмæ æгъдæуттæм.
Посмотреть эту публикацию в Instagram
"Сæйраг мæ фæнды бамбарын кæнын рæзгæ фæлтæртæн ирон цагъд æмæ зарджыты мидис. Мах куыннæ бахъахъхъæнæм уыдон, уæд фесæфдзысты. Æнæ уый дæр нæ фыдæлты бынтæн сæхи схицау кодтой нæ сыхæгтæ", - катай кæны лæппу.
Ныридæгæн Зауыр æрмæст цæгъдын нæ амоны, фæлæ ма архайы музыкалон инструменттæ аразыныл дæр. Йæ къухæй рацыд 50 мигæнæны бæрц – хъисын фæндыртæ, дала фæндыртæ æмæ дыууадæстæнонтæ.
"Физикæ æмæ математикæйы хаххыл райстон ахуырад æмæ æмбарын, мыр куыд гуыры. Дунейон фæлтæрддзинад дæр ахуыр кæнын. Хорз цæуынц мигæнæнтæ, ис мæм куырдиæттæ бынæттон ансамбльтæй, Хуссар Иры ансамбль "Симд"-æй, фæсарæнты ирон æхсæнадтæй", - радзырдта Зауыр.
Ӕрмдæсныйы фыццаг фæндыд Хуссар Иры столицæйы бакæнын рагон национ инструментты æрмадз. Лæппу фыццаг хатт архауд йæ фыдæлты цæрæн бынатмæ 2008 азы хæстон архæйдтыты рæстæджы бархионты сконды. Деметы Зауыр уæд хæдбар æмæ нымад паддзахады столицæйы банымадта иттæг хорз бынатыл йе стыр фæндтæ сæххæст кæнынæн æмæ 2018 азы æрцыд Цхинвалмæ.
"Ныр Тарскъæйы цы сарæзтон, уымæй фылдæр мæ фæндыд Цхинвалы саразын, фæлæ мын нæ бантыст. Нæ мæ фæнды азым кæнын никæй æмæ мæ ныхасæй искæй фæхъыг кæнон, уый дæр", - загъта уый.
Зауырæн цы нæ рауад саразын, ууыл ныр архайы бæнттон студент æмæ активист Гаглойты Алан. Уый æрмадз столицæйы бакæныны фæдыл бахъахъхъæдта фæсивæдон форум "Таврида"-йы проект. Фæлæ ацы хъуыддаг дæр ныффæстиат ис хатæны аххосæй.
"Иумæ балхæдтам ифтонгад æмæ сæ Алан аласта хуссармæ. Нырма нæ алыг кодтой хатæны фарст, æз дæр цæттæ æн ныццæуын æххуысмæ, куыддæр мæм фæдзурой, афтæ", - балхынцъ кодта уый.
Нæ фыдæлтæй абоны онг цы рагон цæгъдæн мигæнæн æрхæццæ ис, уыдоны нымæц хизы дæсы онг, кæцыдæртæн сæ ратæдзæнтæ æмбæлынц Нарты кадджыты дæр.