Плиты Гацыр: нӕ фыдӕлтӕм бæрæгбæттæй иууыл ахсджиагдæр уыд Ног аз

© Sputnik / Наталья АйриянПлиты Гацыр
Плиты Гацыр  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ногазон æгъдæуттæ баст уыдысты куывдыл æмæ хæдзармæ цыдысты арфæйы хуызы, радзырдта радио Sputnik эфиры ХИПУ-йы ирон литерæтурæйы кафедрæйы хистæр Плиты Гацыр
Плиты Гацыр: нæ бæрæгбæттæй иууыл ахсджиаг дæр нæ фыдæлтæн уыд Ног аз

Алы адæймаг дæр Ног азмæ зæрдиагæй фенхъæлмæ кæсы, ацы бæрæгбонимæ йын бирæ бæллицтæ вӕййы баст. Фыдæлтæй фæстæмæ ахсджиаг бынат ахсы Ногбоны æхсæв нæ царды. Ныры дуджы бирæ ногазон æгъдæуттæ ферох сты адæмæй, æрбафтыд сæм бирæ ногдзинæдтæ. Плиты Гацыр радзырдта, куыд нысан кодтой Ног бон ирон адæм æмæ цы нысаниуæг уыдис уыцы бæрæгбонæн.

“Райсом раджы кæй фенай, æнæхъæн афæдз дæ цард уыдзæнис уый зæрдæйы уаджы хуызæн, æмæ иу архайдтой, цæмæй фембæлой, дзæбæх зæрдæйы уаг кæмæн ис, ахæм нæлгоймагыл”, - дзуры профессор.

Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй-иу Ног боны æхсæв бинонтæ хъуамæ иумæ банысан кодтаиккой, æмæ уымæ гæсгæ сыхаджы кæнæ æцæгæлон адæймаджы хонæн нæ уыд гæнæн. Хæдзары алыварс-иу æхсаргарды бырынкъæй æрхахх кодтой, уыцы хаххы сæрты иу фыдбылызæн бахизæн нал уыд хæдзармæ.  

Бирæ таурæгътæ æмæ легендæтæ баззад Ног боны æхсæвыл. Плиты Гацыр ӕрымысыд бынаты хицауы таурæгъ: “Райсом раджы лæг фыццаг сыстад æмæ уыны, митыл фæд æддæмæ куыд ацыд, уый. Йæ фæдыл ацыд æмæ хъæды ссардта сæ бынаты хицауы, æмæ йæ куы бафарста, зæгъгæ, цæмæ рацыдтæ, уæд бынаты хицау загъта, ома бинонтæ æхсæв кæрæдзимæ фæбыцæу сты æмæ уымæн. Фæстæмæ йæ куы раздæхтой, уæдæй фæстæмæ бинонтæ хъæрмудæй фæцардысты”.

Ног азы æгъдæуттæ дзурæг сты адæмы царды хæрзиуджытыл, уымæ гæсгæ ирон адæмæн дæр ис хъæздыг ногазон æгъдæуттæ. Алчидæр фæбæллы, цæмæй хорзæй фембæла Ног боныл æмæ йын Ног аз хордзинæдтæ æрхæсса.

Ног хабӕртты лентӕ
0