Знауыры район 2019 азы: хъаугъайаг инвестор, Уисты уавæр æмæ Нагутнийы инфраструктурæ

© Sputnik / Наталья АйриянХуыбиаты Сослан
Хуыбиаты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центры ацыд Знауыры районы хистæры пресс-конференци. Журналистты фарстытæн дзуаппытæ дæтта æмæ ацæугæ азыл афæлгæст сарæзта Хуыбиаты Сослан

ЦХИНВАЛ, 27 дек - Sputnik, Плиты Фатимæ. Знауыры район ацы аз банысан кодта йæ бындурæвæрды 90 азы юбилей, Уисты хъæуы уавæрæй æмæ хъаугъайаг инвесторы хъусдардæй бахаудысты дзыллон информацийы минæвæртты хъусдарды бын, арæзт цыдысты фæндæгтæ, дæттæ, хæсты зынгхуыст хъайтартæн цырт.

В Знаурском районе Южной Осетии построили часовню святого Уастырджи  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Знауыры самадтой Уастырджыйы кувæндон

Мыхуыр æмæ информацийы паддзахадон комитеты пресс-центры ацыд Знауыры районы хистæры пресс-конференци. Журналистты фарстытæн дзуаппытæ дæтта æмæ ацæугæ азыл афæлгæст сарæзта Хуыбиаты Сослан.

"2019 азы Знауыры район банысан кодта йæ 90 азы юбилей. Бæрæгбоны фæлгæтты ацыд спортивон ерыстæ, культурон мадзæлттæ, бакодтой Хуссар Иры хæстон архæйдтыты зынгхуыст хъайтартæн цырт. Мемориал рацыд зæрдæмæдзæугæ, арæзтад цыд адæмы хæрдзтæй, 900 мин сомæй та сын баххуыс кодта паддзахады сæргълæууæг. Районы тыхтæй фидæн аз ӕрцæудзæн хæрзарæзт йæ афлæмбылай территори", - загъта Хуыбиаты Сослан.

Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы фембӕлд Знауыры районы цӕрджытимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Социалон фарстытӕ ӕмӕ бюджеты ӕфтиӕгтӕ: Бибылты Анатолий фембӕлд Знауыры районы цӕрджытимӕ

Бирæ æзты дæргъы аскъуыддзаг кæнын кæмæн не ʻнтысы, ахæм фарстытæй иу у Нагутнийы улæфæндон "Ныфс" сифтонг кæнын электронон рухс æмæ бастдзинадæй. Районы хистæры ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстыл райдыдта куыст.

"Ис президенты хæслæвæрд, куыстмæ бавнæлдтой, ныридæгæн лыг цæуы фæндаг электронон хахх рауадзынæн. Мобилон бастдзинад дæр хъуамæ фæзына уым 2020 азы, уый баныфсывæрдта бастдзинады комитеты хистæр", - загъта Хуыбиаты Сослан.

Пресс-конференцийы ма дзырд цыд æрæджы æхсæры быдыртæ цы инвестор сфæнд кодта районы ныссадзын, уый фæдыл уавæры тыххæй. Мугутмæ хæстæг быдырты ивгъуыд рæстæг хъавыдысты фермæ скæнын, уый куы фæкъуыхцы, уæд зæххытæ рæстæгмæ радтой бынæттон цæрджытæн кусынæн. Ныр уыдон разы не ʻсты зӕххытӕ инвесторæн раттын.

"Цалдæр боны размæ уыд инвестор æмæ бынæттон цæрджыты хайадистæй президентмæ æмбырд. Аскъуыддзаг кодтой, 350 гектары бæсты уал 2019-2020 æзты ныссадзын 150 гектары. Тынг хорз социалон нывæзт æм ис, уый æнхъары фæйнæ гектары раттын адæмæн æмæ сын сæ продукци æлхæнын. Дыууæ саби кæмæн райгуыра, уымæн та сæ кредит ныббарын. Инвестор ацы проектыл хардз кæны миллиарды онг", - радзырдта уый.

Журналистты ма цымыдис кодта арæнгæрон хъæу Уисты уавæр дæр.

Хуссар Иры тыхон структурӕты къорд йӕ цӕст дары арӕнмӕ Цънелисы хъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры тыхон структурӕты къорд райста йӕ хъусдардмӕ арӕн Цънелисы хъӕуы

"Уавæр у стабилон, æдасдзинад хъахъхъæнынц Хуссар Иры барадхъахъæнæг органтæ. Хъæумæ бацæуын дæр проблемæ нæу арæнхъахъхъæнджыты разыдзинадæй", - бафтыдта уый.

Районы хистæр ма радзырдта, ныридæгæн сæм кæй фæуд кæны 18-фатерон хæдзары арæзтад, уый уæрст цæудзæн ӕрбалæугæ азы. Уæд ма райдайдзæн ноджы дыууæ ахæм æнгæс хæдзары арæзтад дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0