Хуссар Иры президенты администрацийы хистæр сæххæст кодта сабиты бæллицтæ

© Пресс-служба президента и правительства РЮО Хуссар Иры президенты администрацийы хистæр сæххæст кодта сабиты бæллицтæ
Хуссар Иры президенты администрацийы хистæр сæххæст кодта сабиты бæллицтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Козаты Игорь раарфæ кодта сабитæн Ног азы фæдыл æмæ сын балæвар кодта хъазæн уæлæфтауæнтæ, мобилон телефонтæ, спортивон экипировкæ æмæ пуртитæ

ЦХИНВАЛ, 30 дек - Sputnik. Хуссар Иры президенты администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь хæрзаудæн акци "Бæллицты фонтан"-ы фæлгæтты сæххæст кодта цыппар сабийы ногазон бæллицтæ. Уый сывæллæттæн балæвар кодта хъазæн уæлæфтауæнтæ, мобилон телефонтæ, спортивон экипировкæ æмæ пуртитæ, хъусын кæны президент æмæ хицауады пресс-службæ.

Бибылты Анатолий сӕххӕст кодта сывӕллӕтты ногазон бӕллицтӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры президент сӕххӕст кодта сывӕллӕтты ногазон бӕллицтӕ

Козаты Игорь сывæллæтты фæхуыдта йæ кабинетмæ æмæ сын раарфæ кодта бæрæгбоны цытæн, йæ цæст сын бауарзта бирæ хъæлзæг цаутæ, æнтыстытæ æмæ хорздзинæдтæ.

"Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уын уа бирæ æнтыстытæ ахуыры, бирæ мидбылхудтытæ, цæмæй уæ размæ лæууæг нысæнттæ иууылдæр сæххæст кæнат. Амондджын, æнæниз æмæ æнтыстджын ут", - загъта уый.

Акци "Бӕллицты фонтан" райдыдта 1 декабры 2017 азы ӕмӕ ацыд Хуссар Ирыстоны президенты ӕмархайдӕй. Проект уагъд цӕуы сывӕллӕтты хӕдзар ӕмӕ скъола-интернатты хъомылгӕнинӕгтӕн. Афтӕ ма акцийы хайад исынц ӕххуысхъуаг бинонты сывӕллӕттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0