Хуссар Иры самбисттӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы Дзӕуджыхъӕуы фыццагады

© Комитет по молодежной политике, спорту и туризмуСамбисттӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой ӕртӕ майданы Дзӕуджыхъӕуы фыццагады
Самбисттӕ Хуссар Ирӕй рамбылдтой ӕртӕ майданы Дзӕуджыхъӕуы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Афтӕ ма спортсменты фӕхуыдтой ӕппӕтуӕрӕсейон турнирмӕ Кӕсӕг-Балхъармӕ, кӕцы ацӕудзӕн марты

ЦХИНВАЛ, 31 дек - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы самбойы скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ рамбылдтой ӕртӕ майданы Дзӕуджыхъӕуы гом фыццагады, хъусын кӕны фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ.

Зассеты Арсӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг богал рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

2006-2007 ӕзты гуырд спортсменты хсӕн 55 кг уӕзы категорийы дыккаг бынатыл ацыд Тедеты Эдуард, 2008-2009 ӕзты гуырд спортсменты хсӕн бронзӕйон майдантӕ рамбылдтой Гасситы Аслан (39 кг) ӕмӕ Карсанты Олег (46кг). Спортсменты бацӕттӕ кодта тренер Коцты Тамерлан.

"Тедеты Эдуард ӕмбылдта финалон тохы, Гасситы Аслан та ӕрдӕгфиналы. Дыууӕ спортсмен дӕр хъуамӕ бацахстаиккой бӕрзонддӕр бынӕттӕ, фӕлӕ сын фӕлтӕрддзинад не сфаг. Фӕнды мӕ банысан кӕнын Карсанты Олегы, кӕцы уыд иууыл кӕстӕрдӕр йӕ ныхмӕлӕуджыты хсӕн, фӕлӕ уӕддӕр рамбылдта майдан", - банысан кодта уый.

Коцты Тамерлан бафтыдта, спортсменты кӕй фӕхуыдтой ӕппӕтуӕрӕсейон турнирмӕ Кӕсӕг-Балхъармӕ марты. Ацы ерысты уӕлахиздзаутӕ хайад райсдзысты Уӕрӕсейы фыццагады.

Ног хабӕртты лентӕ
0