Хуссар Иры сывæллæттæ баулæфдзысты Цъæйы комы

© Sputnik / Из архива Лери ТедееваЦъæйы ком
Цъæйы ком  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Скъоладзауты балцæн хæххон курортмæ ис дыууæ нысан – ам цæттæ цæудзысты къахдзоныгъты спорт минæвæрттæ æмæ тыхст бинонты зæнæг фыццаг хатт афтдзысты зымæгон аргъаумæ

ЦХИНВАЛ, 31 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Ног азæй райдайдзысты сывæллæтты къордтæ кæнын Цъæйы дæлвæзмæ бырынмæ. Сæ нымæцы фидæны профессионалон спортсментæ æмæ æххуысхъуаг бинонты зæнæг, фехъусын кодта Sputnik  хӕххон къахдзоныгъты спорты федерацийы хистӕр Тедеты Лери.

Балцтæ араздзæн хӕххон къахдзоныгъты спорты федераци паддзахады разамонæджы финансон æххуысæй.

"Президент нын ног азæй хицæн кæндзæн 100 мин сомы, уымæй мах сывæллæтты кæндзыстæм Цъæйы дæлвæзмæ, ахуыр сæ кæндзыстæм бырын, лхæндзыстæм ифтонгад æмæ сæрмагонд дарæс. Нæ нысан у, фадæттæ кæмæн нæй, ахæм сывæллæттæн дæр фенын кæнын хæххон курорты фадæттæ, — загъта Тедеты Лери.

Уый ма бафиппайдта, зымæг кæй фæстиат кæны, уый сын фæстæ кæны сæ нывæзт дæр.

Цъоны дӕлвӕз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъоны дӕлвӕз: мит, фыццаг бырӕн трассӕ ӕмӕ президенты ныфс

"Цъæй дæр нырма фаг мит нæй. Фæнды нæ рбалæугæ азы райдайæн акæнын фыццаг къорд, йæ сконды уыдзæн 10-12 сывæллоны, стæй та ацæудзæн дыккаг къорд. Февралы та нæ уым фæнды ауадзын фыццаг ерыстæ æппæткавказы æмвæзадыл, уæдмæ бацæттæ кæнын нæхицæй дæр цыппар сывæллоны онг", — бафтыдта уый.

Федерацийы хистæр ма ног азæй фæнд кæны райсын сывæллæттæ цæттæ кæнынмæ æмæ Хуссар Иры ныббиноныг кæнын хӕххон къахдзоныгъты спорт.

© Sputnik / Из архива Лери ТедееваЦъæйы ком
Цъæйы ком  - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Цъæйы ком
© Sputnik / Из архива Лери ТедееваЦъæйы ком
Цъæйы ком  - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Цъæйы ком
1/2
Цъæйы ком
2/2
Цъæйы ком
Ног хабӕртты лентӕ
0