Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ раарфӕ кодтой сабитӕн Ног азы цытӕн Цхинвалы интернаты

© Пресс-служба Погрануправления ФСБ РФ в РЮО Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ раарфӕ кодтой сабитӕн Ног азы цытӕн Цхинвалы интернаты
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ раарфӕ кодтой сабитӕн Ног азы цытӕн Цхинвалы интернаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Арӕн хъахъхъӕнӕн хайад цалдӕр азы фӕд-фӕдыл арфӕ кӕны интернаты сывӕллӕттӕн ногазон бӕрӕгбонты цытӕн

ЦХИНВАЛ, 31 дек - Sputnik. Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады федералон службӕйы (ӔФС) арӕнгӕрон хайады кусджытӕ Хуссар Ирыстоны сорганизаци кодтой бӕрӕгбонон мадзал скъола-интернаты сывӕллӕттӕн Цхинвалы.

Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ равдыстой сывӕллӕттӕн музыкалон аргъау "Волшебные огоньки". Сывӕллӕттӕ тынг фӕцин кодтой аргъауыл, уыдон хайад райстой ралӕуды дӕр, радзырдта Sputnik интернаты ахуыргӕнӕг Икъаты Милена.

"Сывӕллӕтты зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд аргъау. Уыдон уӕлдай цин кодтой ралӕуды хайад кӕй райстой, ууыл", - загъта Икъаты Милена.

© Пресс-служба Погрануправления ФСБ РФ в РЮО Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ раарфӕ кодтой сабитӕн Ног азы цытӕн Цхинвалы интернаты
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ раарфӕ кодтой сабитӕн Ног азы цытӕн Цхинвалы интернаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ раарфӕ кодтой сабитӕн Ног азы цытӕн Цхинвалы интернаты

Мадзалы кӕрон интернаты хъомылгӕнинӕгтӕн радтой ногазон лӕвӕрттӕ.

Интернаты ахуыргӕнджытӕ загътой бузныг уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕн ногазон аргъауы тыххӕй. Скъола-интернаты хъомылгӕнинӕгтӕ та равдыстой уазджытӕн кафӕн музыкалон номыртӕ.

© Пресс-служба Погрануправления ФСБ РФ в РЮО Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ раарфӕ кодтой сабитӕн Ног азы цытӕн Цхинвалы интернаты
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ раарфӕ кодтой сабитӕн Ног азы цытӕн Цхинвалы интернаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ раарфӕ кодтой сабитӕн Ног азы цытӕн Цхинвалы интернаты
Ног хабӕртты лентӕ
0