ЦХИНВАЛ, 10 янв — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны ацы аз ногӕй байгом уыдзӕн этнолагерь, фарон азмӕ абаргӕйӕ уый уыдзӕн егъаудӕр, фехъусын кодта журналисттӕн фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты сӕрдары хӕдивӕг Гатыгкоты Валентина.
Фарон этнолагерь Дзауы районы ӕрӕмбырд кодта фӕндзай адӕймагмӕ ӕввахс фӕсарӕнтӕй. Лагеры программӕ тынг фӕцыд фӕсивӕды зӕрдӕмӕ.
2020 азы этнолагерь ауадзынӕн рахицӕн кодтой дыууӕ хатты фылдӕр фӕрӕзтӕ фарон азмӕ абаргӕйӕ. Уый фӕдыл Дзауы баулӕфдзысты дыууӕ хатты фылдӕр адӕм.
"Мах хъӕуы фылдӕр ахӕм мадзӕлттӕ. Этнолагерь сорганизаци кодтой рӕзгӕ фӕлтӕры монон-фӕткон хъомылады фӕдыл паддзахадон комплексон программӕйы реализацийы фӕлгӕтты, ӕмӕ ӕхцайы фӕрӕзтӕ не сфаг сты фылдӕр хайадисджыты райсынӕн", - загъта Гатыгкоты Валентина.
Комитеты сӕрдары хӕдивӕг банысан кодта, комитетӕн кӕй нӕй стационарон лагерь фӕсивӕды ӕрвылазон улӕфт организаци кӕнынӕн, ӕмӕ уый у сӕ иууыл сӕйрагдӕр проблемӕтӕй иу.
Этнолагеры хайадисджытӕ базонгӕ уыдзысты Хуссар Ирыстоны рӕсугъддзинӕдтимӕ, йӕ националон культурӕимӕ.