Ма руадзын тугкалд: Хуссар Иры президент Абхазы уавӕры тыххӕй

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæПротесты акци Сухумы
Протесты акци Сухумы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бибылты Анатолий загъта йӕ хъуыды протесты акцийы тыххӕй Сухумы ӕмӕ ӕрсидт хицауад ӕмӕ адӕммӕ, цӕмӕй скъуыддзаг кӕной сӕ проблемӕтӕ баныхасы руаджы

ЦХИНВАЛ, 10 янв - Sputnik. Хуссар Ирыстоны сӕргълӕууӕг Бибылты Анатолий ӕрсидт Абхазы адӕммӕ ӕмбаргӕдзинадмӕ, афтӕ ма банысан кодта, фарстытӕ иууылдӕр кӕй хъӕуы скъуыддзаг кӕнын барадон къабазы.

Абхазы оппозици, кӕцы домы республикӕйы президенты куыстуӕгъд, сорганизаци кодта цыппӕрӕмы егъау акци Сухумы. Адӕм ӕрӕмбырд сты парламенты, президенты администраци ӕмӕ хицауады агъуыстыты раз.

"Ӕз сидын дыууӕ фарсмӕ дӕр, цӕмӕй баныхасы руаджы аскъуыддзаг кӕной проблемӕ. Фарстытӕ хъӕуы скъуыддзаг кӕнын барадон къабазы", - хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕ йӕ пресс-секретарь Гасситы Дина.

Йӕ куырдиаты Бибылты Анатолий банысан кодта, Хуссар Ирыстоны адӕмӕн алыхатт дӕр ахсджиаг кӕй у ӕфсымӕрон республикӕйы уавӕр.

© Ruptly Протесты акци Сухумы
Ма руадзын тугкалд: Хуссар Иры президент Абхазы уавӕры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Протесты акци Сухумы

Президент равдыста ныфс, Абхазы адӕм кӕй рахӕсдзысты раст скъуыддзаг ӕмӕ конфликт аиуварс кӕндзысты.

"Иууыл сӕйрагдӕр у ма руадзын тугкалд, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цардӕй ахсджиагдӕр ницы ис", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Сухумы протесты акцитӕ райдыдтой 9 январы. Сӕ хайадисджыты зӕрдӕмӕ нӕ цыд бӕстӕйы криминогенон уавӕр ӕмӕ фарон ноябры кӕрӕдзи ӕхсты фӕдыл фӕдагуырд.

Уыцы рӕстӕг ма цыд тӕрхондоны рабадт бӕстӕйы президентмӕ экс-кандидат Алхас Квициниайы куырдиаты фӕдыл, кӕцы не сразы президентон ӕвзӕрстыты фӕстиуджытимӕ.

Ӕрӕмбырдуӕвджытӕ домынц, цӕмӕй президент ссӕрибар кӕна йӕ бынат ӕмӕ снысан кӕной ног ӕвзӕрстытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0