Музыкӕйӕ кӕрдӕджытӕм: Цхинвалы срæвдз кодтой цайы рауагъдад

© Sputnik / Александра АлбороваЦхинвалы срæвдз кодтой цайы рауагъдад
Цхинвалы срæвдз кодтой цайы рауагъдад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цай "Nina Tea" цӕуы 18 хуызы - сау, цъæх æмæ дыргътимæ цайтæ, сæ фылдæры бындуры ис иван-чайы кæрдæг æмæ алыгъуызон æфтауæнтæ

ЦХИНВАЛ, 10 янв – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Иры хæххон пайдахæссæг зайæгойтæ, хосгæнæн кæрдæджытæ æмæ хус дыргъты бындурыл Цхинвалы срæвдз кодтой цайы руагъдад. Адæмон инструментты оркестр "Айзæлд"-ы аивадон къухдариуæггæнæг æмæ сæйраг дирижер Уалыты Нина ныр музыкӕйы æрмæнхъ бауарзта кæрдæджыты пайдажын æууæлтæ ахуыр кæнын æмæ сæ хорз æмиуадтæ кæнын.

Хосгæнæн кӕрдӕджытӕ æххуыс кодтой ирæттæн 100 азæй фылдæр цæрынæн

Цай "Nina Tea" цӕуы 18 хуызы, балхæнæн ын ис Цхинвалы дуканитæй иуы.

"Нæ ирон цайтæ, зæгъæн ис, иууылдæр арæзт цæуынц иван-чайы бындурыл, æфтауæм æм ноджы æндæр цайы кæрдæг – тыфхъæд, битъна, сусхъæды дидинæг, дыргътæ, уардийы, хъæлæрдзы æмæ мæнæргъы сыфтæй æмæ æндæртæ. Нæ цайы стырдæр хорздзинæдтæй иу у йæ экологион сыгъдæгдзинад æнæ зианхæссæг æфтауæнтæй", - радзырдта Sputnik Уалыты Нина.

Ирон цай "Nina Tea"-йæн хомæг æмбырд æрцыд Зары хибар быдырты, кæцыдæр хай та балхæдтой адæмæй.

"Ӕрвылаз дæр мæ мадимӕ сезоны æмбырд кодтам цайы кæрдæг Зары хъæды. Ацы аз бафæлвæрдтам рауагъдадæн дæр æрæмбырд кæнын. Фыццаг парти уайтагъд къухæй ауæй сты, уый фæстæ аскъуыддзаг кодтам дуканийы цайы къуым скæнын", - бафтыдта уый.

Уалыты Нинайы цайты, йæ ныхæстæм гæсгæ, экологон æгъдауæй сыгъдæгдзинадæй дарддæр ма хицæн кæны сæрмагонд уавæрты цæттæдзинад.

© Sputnik / Фейсбук Ирон цай
Ирон цай - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Ирон цай
© Sputnik / Фейсбук Ирон цай
Ирон цай - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Ирон цай
1/2
Ирон цай
2/2
Ирон цай

"Цайы кæрдæг кæнын ферментаци, уый фæстæ сæ хус кæнын сæрмагонд хусгæнæнты. Ницы ароматизатор сæм æфтауæм. Иууылдæр сты бынæттон быдыртæй æмæ дыргъдæтты тыллæг. Ацы хъуыддаг ссис мæ хобби æмæ та чизоны ацы аз дæр рауадзон ноджы цайтæ", - загъта уый.

Амалиуæггæнæг фæстæдæр та фæнд кæны лæварæн рæсугъд тыхтонтӕ саразын йæ продуктæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0