Абхазы снысан кодтой президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕджы

© Sputnik / Михаил Мокрушин /  Ахизын медиабанкмæ Валерий Бганба
 Валерий Бганба  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Президент Рауль Хаджимба ссӕрибар кодта йӕ бынат. Уыцы скъуыддзаджы размӕ Абхазы столицӕйы цыппар боны дӕргъы цыдысты протесттӕ

ЦХИНВАЛ, 13 янв — Sputnik. Абхазы премьер-министр Валерий Бганбайы снысан кодтой бӕстӕйы президенты хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй – ахӕм уынаффӕ рахаста республикӕйы парламент къуырисӕры, хъусын кӕны Sputnik Абхаз.

Рауль Хаджимба ссӕрибар кодта Абхазы президенты бынат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рауль Хаджимба ссӕрибар кодта Абхазы президенты бынат

Ахӕм уынаффӕйыл схъӕлӕс кодтой Адӕмон ӕмбырды 34 депутаты, кӕцытӕ хайад истой хъӕлӕсӕппӕрсты.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой, хуыцаубоны Рауль Хаджимба кӕй ссӕрибар кодта Абхазы президенты бынат. Абхазы Централон ӕвзарӕн къамис уыцы бон снысан кодта ног президентон ӕвзӕрстыты датӕ. Уыдон хъуамӕ ацӕуой 2020 азы 22 марты.

Сухумы 9 январы райдыдтой протесты акцитӕ, оппозицийы минӕвӕрттӕ домдтой, цӕмӕй президент ссӕрибар кӕна йӕ бынат. 10 январы Уӕлдӕр тӕрхондоны кассацион инстанци банымадта ӕнӕзакононыл ЦӔК скъуыддзаг сентябры ацӕугӕ президентон ӕвзӕрстыты фӕстиуджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0